Сукиас

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Сукиас (Исихий)

Сукиас[1] (аргъуыды размæ йæ ном уыдис Баракад[2]) — аллон чырыстон[3] сыгъдæг лæг I—II-æм æнусты, стыр кад йын ис Сомихы. Сукиасы æмæ йе ’мбæлтты куывдтытæй Сомих æмæ йæ адæм фервæзтысты се знæгтæй, Персы паддзах Шапух йæ'фсадимæ, марын æмæ стигъын сæ чи хъавыдис. Сæ цард æрвыстой Хуыцаумæ кувгæйæ, чырыстон дины æууæлтæм гæсгæ, афтæмæй фæцардысты Сукавы хохыл 44 азы. Сукиас æмæ йе ’мбæлттæ нæ акуымдтой раздæхын Аланыстонмæ, нæ байхъуыстой аллон паддзах Датианосы бардзырдмæ, уый тыххæй, аллон паддзах сæм Сомихмæ кæй арвыста, уыцы хæстонтæ сæ амардтой.

Хъизæмаргæнæг Суакисы æмæ йæ балы мысæн бон вæййы (юлийы къæлиндармæ гæсгæ) 15 Хуымгæнæны мæйы.

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Æвддæс аллон æфсæддон алдарæн Сукиас уыдис сæ хистæр, уыдон рацыдысты Аланыстонæй, йæ ном Сатеник кæмæн хуындис, уыцы паддзахы чызджы фæдыл Сомихмæ, цæмæй йæ хъахъхъæдтаиккой тæссаг фæндагыл. Сатеник хъуамæ смой кодтаид Сомихы паддзах Арташесмæ, æмæ йæ хъуамæ уымæ æнæзианæй бахæццæ кодтаиккой.

Сæ нæмттæ абон дæр рох не сты: Сукиас (Баракад), Лункианос, Полоктэс, Кодратос, Идиксикирос, Мемнас, Фокас, Сергис, Дуетиос, Андраниос, Зосимос, Бектос, Талкеса, Иорданэс, Анастас, Теодорос, Акопос æмæ Феодосиос. Сомихы апостол Фаддейы ахуыргæнинæгтæй, (сæ фыццаг уыдис Воски, грекъаг варианты Хрюсий), райстой чырыстон дин æмæ аргъуыд æрцыдысты Иорданы.

Куы сыл саргъуыдтой, уæд федтой хохы уæлæ Йесо Чырыстийы, æмæ уый фæстæ, уыцы бынаты самадтой хъæдын дзуар, æмæ йæ схуыдтой «Æхсызгон хабары дзуар».

Хæстон адæм, кæй арвыстой Арташес æмæ Сатеник, æрбацыдысты Хрисосмæ (Восхимæ) цæмæй йæ ахуыргæнинæгты — Сукиасы æмæ йемæ чи уыдис, фæстæмæ Сомихмæ арвита. Хрисос та цын загъта: «Сæхæдæг сæхицæн равзарстой уцы фæндаг». Уыцы къæйных (æндиуд) загъды тыххæй, паддзахы адæм Хрисосы æмæ йæ ахуыргæнинæгты кардæй ныццагътой. Сукиас æмæ йе ’мбæлттæ гасæй баззадысты, паддзахы адам цæм нæ бавнæлдтой, уый тыххæй æмæ зыдтой — Сукиас Аланыстоны паддзахæн, Сатеничы фыдæн, уыдис йæ хæстæг æмæ йæ рахиз къух (йæ хадивæг)[4].

Сукиас йе ’мбæлттимæ Хрисосы æмæ йæ ахуыргæнинæгты баныгæдтой æмæ Сомихмæ Сукавы хохмæ ацыдысты, уым фацардысты сæ царды кæронмæ. [5] Уыцы Сукав хох уыдис Сомихы йæ Багъревады хай æмæ йæ Сукав æсхуыддтой Сукиасы номы тыххæй. Раздæр хъæздыг адæм чи уыд, паддзахы кæрты чи цардис, æмæ чи баивта сæ сызгъæрин рассугъд дзаумæттæ сау дарæсыл, цардысты хохы хъæды, фысты хуызæн хордтой кæрдæг, нызтой хохы дон æмæ кувдтой Хуыцаумæ. Афтæмæй фæцардысты тухитæй мæлгæйæ 44 азы, куыд ныффыста рагон фыссæг Татиан ("Ныхас" II ан.), кæцы хорз зыдта апостолты, æмæ фыццаг чырыстон Ног Фæдзæхсты радзуырджыты цард.

Уыцы рæстæджы Сомих бирæ фыдæвзарæнтæ бавзæрста персайнаг паддзахæй Шапухæй. Сыгъдæг Кондрат, Сукиасы балæй, бирæ хъуыды кодта Сомихы зынцарды тыххæй, уый фæстæ загъта Сукиасæн, цæмæй иумæ скувой Хуыцаумæ, уыцы зындзинæдтæ тагъд куыд фæуой. Уæд Сукиас æмæ йемæ чи уыдис уыдон райдыдтой кувын: «О, Хуыцау — Тæригъæдгæнаг, батæригъæд кæн ацы бæстæйæн. Бирæ цын таригъæдзиннæдтæ ис, фæлæ, Ды — Хуыцау, аппæты Сфæлдисæг, Адамыуарзаг, Дæуæй алкæмæндæр æрцæуы фарн, ныббар цын сæ таригъæдтæ, табу Дын уæд.» Æмæ уæд, сæ куывды фæстæ, персайнаг паддзах йе ’фсадимæ сæ бæстæм фæстæмæ раздæхтысты, Сомихмæ та сабырдзинад æрцыдис. Хъизæмаргæнæгтæ, уый куы федтой, уæд Хуыцауæн кад кæнын райдыдтой.

Аланыстоны паддзах Датианос æрымысыдис аллонты æлдæртты, чи ацыдис Сомихмæ Сатеникимæ, паддзахы чызгимæ. Уæд загъта йæ дæлбарæнæн Барлæппæн, цæмæй Сукиасы æмæ иннæ кадджын аллонты, йемæ чи уыдис, кадимæ сæ цинтæм гæсгæ, æрхæццæ кæна сæ паддзахадмæ — йæ размæ, æмæ куы нæ басæттой паддзахы бардзырдмæ, уæд сæ хъуамæ амара.

Барлæпп сæ куы ссардта хъæды мидæг Сукавы хохыл, уæд дис кодта сæ уындыл, тынг зын уыдис базонын паддзахы æлдæртты. Паддзахы бардзырдæн, ома раздæхын Аланыстонмæ æмæ æрбалæууын паддзахы раз, паддзахы адæмæн куыд æмбæлы афтæ, Сукиас дзуапп радта:

«

Мах нæ Хицау Йесо Чырыстийы номыл, кæцы у Сфæлдисæг æппæт дунейæн, нæхи фæндонæй амардтам нæ буар æмæ уый тыххæй паддзахты цæстмæ стæм мæрдты хуызæн æмæ æнхъæлмæ кæсæм нæ Хицауæй Йесо Чырыстийæ, Æнæмæлаг æмæ Æнæзарондгæнаг, Йæ зæдтимæ, анусон кад.

»

Чырыстон адæмы хъæбатырдзинад смæсты кодта Барлаппы æмæ радта бардзырд йæ хæстон адамæн, цæмæй сæ бабæттой æмæ сæ басудзой. Мæлгæ-мæлын сыгъдæг лæгтæ зарыдысты 21-æм Псалом (20-23 æмдзæвгæтæ)

Æгасæй сæ сыгътой æмæ сæ кардæй карстой, уый фæстæ, сыгъдæг лæгты сæ буаргъæдтæй сыгъдтæ ахæлиу кодтой, кæм цардысты Сукавы хохы, уыцы раны. Афоны Иверы моладзандоны XI æнусы гæххæтмæ гæсгæ уый уыдис 100-æм азы, Мовсес Хоренацийы «Сомихаг историмæ» гæсгæ та 92-æм азы.

Датианос бар нæ радта баныгæнын хъизæмаргæнæгты. Раздæр адамы хсæн ахæм кой уыдис, цыма сыгъдæг лæгты буаргъæттæ æнæныгæдæй уыдысты 230 азы æмæ .... VI æнусы чырыстон адæм аластой цæ Лускуммæ æмæ уым баныгæдтой. Сæ нæмттæ уыдысты фыст Сукав хохы бын. Сыгъдæг Хъизæмаргæнæг Григори Сомихы Барухсгæнæг уцы ран, кæм цардысты Сукиас æмæ иннæ хъизæмаргæнæгтæ сæ царды кæронмæ, 335 азы 30 Рухæны мæи, сæ номыл аргъуан сарыста.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Грекъаг ном Исихий (гр. Ἡσύχιος) — «мадзура, нæдзурæг» — сомихаг транскрипцийы.
  2. Уый уыдис паддзахæн йæ хæстæг æмæ йæ рахиз къух, паддзахады хъуыддæгты фæдыл. Уый тыххæй аллонты паддзах Баракады йæ чызгимæ Сомихмæ арвыста, уыцы зын фæндаджы.
  3. рагон фыссæг Татиан ("Ныхас" II ан.), кæцы хорз зыдта апостолты, æмæ фыццаг чырыстон Ног Фæдзæхсты радзуырджыты цард.
  4. Аланыстоны паддзах — Сатеничы фыд, уæд æвæццæгæн уыдис — Базук кæннод йæ хæрз æфсымæр Æнбазук
  5. Се ’рбацыды размæ Сукав хох хундис Джрабашх

Æддаг æрмæг[ивын | Бындур ивын]