Чырæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Чырæ — адæм кæнæ æндæр исты уæзæгтæ ласын. Дзæуджыхъæуы, Мæздæджы æмæ хæстæг хъæуты цæрджытæ ацы куыст арæх кодтой. Ирон адæм чырæ арæхдæр ластой, сæхæдæг дæр æмæ-иу кусæг фос дæр хъæууонхæдзарадон куыстытæй æвдæлон куы уыдысты, уæд. Чырæ ласын æрмæст уæззау куыстыл нымад нæ цыд, фæлæ ма уыдис тæссаг куыст дæр. Чырæ ластой рæстæмбис кары бацæугæ фидар æмæ тыхджын лæгтæ; æрыгон фæсивæды чырæ ласынмæ стæм хатт уагътой.[1]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Дзадзиты А., Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат. Дзæуджыхъæу. 1994. — 284 с.