Чограйы донæвæрæн

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Чограйы донæвæрæн Арзгиры районы

Чограйы донæвæрæн (уырыс. Чограйское водохранилище) у донæвæрæн Уæрæсейы хуссары, Стъараполы край æмæ Хъалмыхъхъы æхсæн арæныл. Йæ айдæны бæрзæнд у 24,2 м. Айдæнæй пайда кæнынц 1969-æм азæй фæстæмæ; проектмæ гæсгæ цас дон дзы бацæуы, уыйас дон æрæмбырд ис 1973-æм азы. Проектмæ гæсгæ донæвæрæны нормалон æмвæзад уыдис 23,8 м, уыимæ йæ бæрцуат та 0,72 км³, айдæны фæзуат — 193 км², донæвæрæны дæргъ — 48,8 км, уæрх — 9 км онг, рæстæмбис арф — 3,6 м. Донæвæрæнæн йæ ныры æмвæзæд у проектон нымæцæй къаддæр, айдæны фæзуат æрмæстдæр 130,4 км², бæрцуат та — 0,28 км³.

Донæвæрæнæн ис ахсджиаг нысаниуæг, йæ донæй пайда кæнынц мелиорацийы æмæ уадзынц хæтæлты, цæмæй æй нуазой Ики-Бурулы æмæ Приютнæйы районты цæрджытæ, стæй та, Элистайы сахары чи цæры, уыдон дæр.

Физикон-географион характеристикæ[ивын | Бындур ивын]

Донæвæрæн æрбынат кодта Хъуым-Манычы къуырфы мидæг, цæугæдон Скæсæйнаг Манычы тæрфы. Донмарæн у зæххæй конд, йæ дæргъ у 9850 м, йæ вæзн та 8 метры[1].

Донæвæрæны ис сакъадахтæ (цалдæр сæдæйы гектары), тæнæг рæттæ, хъæзджын пыхсбынтæ. Уæрхæн донæвæрæн у иу километрæй 5 км онг.

Бæстыхъæд у континенталон. Къавдатæ сты стæм. Рæстæмбис нымадæй афæдз донмарæны цур посёлок Южныйы рауары 315 мм. Афæдзы рæстæмбис температурæ у +10,2 С.

Гидрологи[ивын | Бындур ивын]

Доны сæйрагдæр ратæдзæн у Терк æмæ Хъуымæй цæуæг дон, Терк-Хъуымы æмæ Хъуым-Манычы къанауты ууылты. Уыцы доны æфтауæн схизы 60 м³/с. Уый йеддæмæ донæвæрæнмæ кæлы цæугæдон Скæсæйнаг Манычы дон дæр.

Донæвæрæны дон цæуы дарддæр Саузæххон магистралон къанаумæ (Черноземельский магистральный канал), уырдыгæй та йæ байуарынц хицæн хæдзæрæдтæм[2].

Афæдзы дæргъы донæвæрæны æмвазад ивы дыууæ метры онг. Цад-иу асæлы декабрæй февралы кæронмæ.

Афæстаг азты дæргъы донæвæрæны мидæг дон дзæвгар фæкъаддæр ис, уыимæ фæкъаддæр доны хæрзхъæддзинад дæр. Цæугæдон Хъуымæй цæуы минерализацигонд дон, Теркæй та — лакъон, кæцы æрæмбырд вæййы донæвæрæнæн йæ быны.

Донæвæрæн фæкæсынхъуаг у, хъуамæ ногæй рацаразой йæ гидротехникон амæддзæгтæ.

Фаунæ[ивын | Бындур ивын]

Чограйы донæвæрæны мидæг цæрынц 23 хуызæгæй фылдæр кæсаг[3]. Бирæ сты окуньтæ, сардзантæ.

Ахсджиаг у мæргъты миграцитæн дæр, алыхуызон хъазтæ дзы æрлæууынц сæ фæллад суадзынмæ, Сыбырæй Африкæмæ куы фæтæхынц, уæд. У Уæрæсейы стырдæр ахæм мæргъты æрлæууæн[4].

Донæвæрæны цæрынц пеликантæ (пыхцыл пеликан æмæ зæрдинхуыз пеликан) æмæ ма æндæр мæргътæ, Уæрæсейы Сырх чиныгмæ кæй бахæстой, ахæм[5].

Транспорт[ивын | Бындур ивын]

Чограйы донæвæрæн наудзон нæу уый тыххæй æмæ йæм ницы бастдзинад ис æндæр цæугæдæттæм.

Уыцы уæвæр раивдзæн, ног наудзон къанауы арæзтад куы райдайдзæн, уæд. Проектмæ гæсгæ ног къанау хъуамæ сбæтта Хъаспы денджыз æмæ Дон. Проекты реализацимæ тынг æнхъæлмæ кæсынц Хъазахстаны[6].

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]