Челæхсаты Серги

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Чилæхсаты Серги-æй æрвыст)

Челæхсаты Кимайы фырт Серги (19161996), Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, Сырх Стъалыйы дыууæ орденæй хорзæхджынгонд. Дзауы районы Карсанты сыхы (Бузалайы) цардис, йæ цардæмбал Карсанты Верæ йæхицæй бирæ раздæр фæзиан, схъомыл кодтой æртæ лæппуйы.

Серги гуыргæ Чеселты ракодта, Дыууæдонастæу 1916 азы зæхкусæг бинонты ’хсæн. Цыппар азы йыл куы сæххæст, уæд райдыдта гуырдзыйы уæды геноцид æмæ Ручъы æфцæгыл йæ ныййарджытимæ ахызт Цæгат Ирыстонмæ. Астæуккаг ахуырад райсыны фæстæ йæм æрсидтысты Советон Æфсады рæнхъытæм 1936 азы æмæ службæ кодта Тбилисы 191 æхсæг полчъы, уый фæстæ йæ аивтой Житомиры 146 æхсæг полкъмæ 1938 азы. Уыцы аз райдыдта йæ хæстон фæндаг япойнаг самурайтимæ Хасаны цады цур. 1939 азы япойнæгтæ батыдтой Манголты Адæмон Республикæмæ Халхин-Голы цæугæдоны районы, фæлæ сын Челæхсаты Сергийы хуызæн хъæбатыр хæстонтæ стыр ныхкъуырд радтой. Уыцы рæстæджы ма Серги каст фæцис æхсæзмæйон афицеры курсытæ дæр.

Советон-финнаг хæст куы райдыдта, уæд та уым дæр хæцыд чеселттаг салдат æмæ фыццаг хатт знаджы нæмыгæй цæф дæр уыцы тохы фæцис, бахауд госпиталмæ.

Фыдыбæстæйы Стыр хæст Челæхсайы-фырты æрæййæфта Львовы. Ацы сахар хъахъхъæныны рæстæджы та дыккаг цæф фæцис.

Кæм цы карздæр тохтæ цыд, уымыты фæстæ нæ лæууыд Челæхсайы фырт. Уый дын Цæгат Кавказ, Калининград, Сталинград, Ныгуылæн Украинæ, Польшæ, Мæскуымæ ’ввахс тохты иууыл-иумæ фæцис 4 цæфы. Берлин куы ссæрибар кодтой, уæд та фæндзæм цæф.

Серги цы полчъы службæ кодта, уый хъазуат бырстæй иста горæт Нейштадты. Уырдæм æппæты фыццаг Сергийы ротæйы хæстонтæ бацыдысты æмæ дзы уацары ракодтой знаджы 1500 салдат æмæ афицеры, скуынæг кодтой 12 танчы. Серги та уыд 391 æхсæг дивизийы 1024 æхсæг полчъы командиры хæдивæг.

Знаджы азарæй цы фондз цæфы бавзæрста, уыдонæй иууыл тынгдæр цæф фæцис 1942 азы 29 ноябры. Госпиталы куы фæхуыссыд, уæд æй йæ Райгуырæн къуыммæ рарвыстой æмæ та куы фæсæрæн, уæд ногæй аздæхт фронтмæ.

Лейтенант Челæхсайы фырт йæ риуыл тæмæнтæкалгæ æрхаста Сырх Стъалыйы дыууæ ордены æмæ авд майданы. Уый уыд 1945 азы июны. Иу Сырх Стъалы дзы райста Берлины тохты.

Хæсты фæстæ цыбыр æмгъуыд йеддæмæ æгуыст нæ фæцис — цалдæр азы уыд Дзауы районы скъолаты æфсæддон ахуырты къухдариуæггæнæг, стæй та хицæн колхозты куыста алыхуызон бæрнон бынæтты. Адæм ын кодтой хорз аргъ. Хицауад ма йын радта рог хæдтулгæ дæр. Йæ дæргъвæтин хæстон фæндæгты тыххæй канд Ирыстоны периодикон мыхуыр нæ фыста, фæлæ ма хицæн хæстон чингуытæ дæр, уыдис ыл радиоалæвæрдтытæ.

Йæ хæстон хабæрттæ ракæныны тыххæй-иу æй арæх фæхуыдтой районы скъолатæм, ауагъта-иу æхсардзинады уроктæ дæр æмæ йæм канд скъоладзаутæ нæ, фæлæ ахуыргæнджытæ дæр хъуыстой цымыдисæй.

Серги Кимайы фырт уæлдай тыхстдæр уыд, гуырдзы та ирон адæмæн 1989-92 азты геноцид куы сарæзтой, хæст йæ тæмæны куы уыд, уæд. Ирыстон уæд хæцæнгæрзтæй цух уыд æмæ-иу Дзауы посёлочы асдæр адæймæгтæ — Челæхсаты Серги, Джыгкайты Тотыр, Къозонты Митя, Соттиты Чермен æмæ æндæртæ райцентрмæ рахызтысты сагæйттимæ, суанг-иу уым уыдысты æхсæвыгæтты дæр, фæсивæдæн æвæрдтой ныфсытæ.

Уæлахизы 60 азы бон нал æрæййæфта Серги. Йæ цæфтæ, Ирыстоны маст ыл æртæфстысты æмæ 1996 азы октябры ацыд йæ дзæнæттаг дунемæ.