Черчесты Алан

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Черчесты Алан
Райгуырды датæ 1962-æм азы 14 апрелы(1962-04-14) (62 азы)
Райгуырæны бынат
Архайды хуыз фыссæг
Уацмысты æвзаг уырыссаг

Черчесты Георгийы фырт Алан райгуырдис 1962-æм азы 14 апрелы Дзæуджыхъæуы) у прозаик æмæ литературæиртасæг; фыссы уырыссаг æвзагыл. У фыссæг Черчесты Георгийы фырт.

1984 азы каст фæцис Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты филологион факультет. 1985 азы бацыдис аспирантурæмæ, фæсарæйнаг литературæты историйы кафедрæмæ (МПУ), æмæ уым ныффыста йæ кандидатон диссертаци дзыллон культурæ æмæ беллетристикæйы райхалинаг фарстатыл.

Фæстæдæр ссис филологион зонæдты кандидат, МПУ-йы докторант, дунеон аивадон культурæйы кафедрæйы доцент Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты (ЦИПУ). 1990-1998 азты кастис лекцит ЦИПУ-йы; 1995 азы та — АИШ-ы штат Индианæйы университеты; куыста æхсæнадæмон хайады сæргълæууæгæй Цæгат Ирыстоны зонадон центры (1995-1997 азты). У Дзæуджыхъæуы æрбынатуæвæг Цивилизацийы институты бындурæвæрæг, стæй, йæ институт кæй уадзы, уыцы зонадон альманахы сæйраг редактор.

Уымæй уæлдай ма у бирæ зонадон публикациты автор; Германы, АИШ-ы æмæ Норвегийы цалдæр фыссæджы æмæ иртасæджы стипендиты стипендиант.

Йæ уацмыстæ фыссы уырыссаг æвзагыл. Ныффыста радзырдтæ «Æмæ æрцæудзæн сæрд…» («И будет лето»), «Гæмæх сакъадах» («Голый остров»), уацау «Къæвда — иунæг фæндаггон» («Дождь — одинокий прохожий») æмæ романтæ «Цæрæгыл реквием» («Реквием по живущему») æмæ «Дымгæйы цыртыл дидинджытæй быд зиллакк» («Венок на могилу ветра»).

Йæ фæстаг романы тыххæй Черчесы-фырт ссис Аполлон Григорьевы премийы лауреат. Уымæй уæлдай ма роман номинацигонд уыд премийыл «Националон бестселлер».

Черчесы-фырт йæ прозаикон йæ уацмыстæ мыхуыр кæны 1990 азæй куыд Цæгат Ирыстоны, афтæ Уæрæсейы журналты: «Новый мир» (Ног дуне), «Волга», «Россия» (Уæрæсе), «Владикавказ», «Знамя» (Тырыса). Тæлмац кæны прозæ англисаг æвзагæй.

Черчесты Аланы цалдæр уацмысы тæлмацгонд æрцыдысты немыцаг æвзагмæ.