Чеджемты Æхсар

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Чеджемты Зæкæрйайы фырт Æхсар (райгуырдис 1937-æм азы Заманхъулы — амардис 2009-æм азы) у ирон поэт.

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Чеджемты Æхсар Заманхъулы астæуккаг скъолайы бакæсыны фæстæ кусын райдыдта колхозы, стæй та Культурæйы хæдзары. 1965 азы каст фæци Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты историон-филологион факультет æмæ кусынмæ бацыди Цæгат Ирыстоны радиомæ. Йæ царды фæстаг азты куыста Фысджыты цæдисы сæрдары хæдивæгæй.

Æхсары фыццаг чиныг «Стъалыты æхсæрдзæн» рацыди 1965 азы. Уый фæстæ ма рауагъта ахæм поэтикон æмбырдгæндтæ: «Цомхурагур» (Орджоникидзе, 1982), «Дæ ном» (Орджоникидзе, 1987), «Æртхурон» (Дзæуджыхъæу, 1997), «Ирон зарæг» (Дзæуджыхъæу, 2001).[1]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Ирыстоны поэзи // Чиныг сарæзта æмæ цыбыр биографион зонæнтæ ныффыста Хъодзаты Æхсар. Дзæуджыхъæу, Издательство «Веста», 2012