Чахкиев, Юсуп Тегалы фырт

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Чахкиев Тегалы фырт Юсуп (райгуырдис 1915-æм азы Базоркинойы хъæуы, ныртæккæ Черменыхъæу) у мæхъхъæлон тæлмацгæнæг, журналист, поэт æмæ паддзахадон архайæг.

1934-æм азы астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыдис Мæхъхъæлон педагогон техникуммæ Орджоникидзейы, 1936-æм азы та техникум ныууагъта æмæ бацыдис Воронежы химион-технологион институты рабфакмæ. 1939-æм азæй 1943-æм азы онг Юсуп Чахкиев куыста райдиан скъолайы ахуыргæнæгæй Базоркинойы. Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, уæд Чахкиевы бахуыдтой Грознайы хæстон-фистæгон училищемæ, фæлæ уый фæстæ йæ ныууагътой сæрмагонд уынаффæйы онг. 1943-æм азы кæрон уый кусын райдыдта Цæцæн-Мæхъхъæлы АССР-йы Уæлдæр Советы референтæй, уыцы бынатæй йæ арвыстой депортацимæ.

Депортацийы рæстæг Чахкиевы бацæхстой æмæ йæ арвыстой лагертæм, уым йæ бонтæ-иу арвыста Сталины амæлæты онг. Лагерты куы уыди, уæд архайдта зонадон экспедицийы Челюскины сынæгмæ. 1953-æм азы сæрибаргонд æрцыд, йæ тæрхонгонддзинад дæр ын систой, афтæмæй.

1957-æм азы Юсуп Чахкиев раздæхтис Грознамæ, бирæ азты дæргъы куыста мæхъхъæлон газет «Сердало»-йы — тæлмацгæнæгæй, стæй хайады сæргълæууæгæй дæр. 1970-æм азæй 1990-æм азы онг куыста Паддзахадон æмæ хæстон сусæгдзинад хъахъхъæнæг управленийы (цензурæйы) редакторæй.

Сфæлдыстад[ивын | Бындур ивын]

Юсуп Чахкиев æмдзæвгæтæ фыста 1935-æм азæй. Йæ уацмыстæ бацыдысты мæхъхъæлон литературæйы хрестоматитæм дæр.

Пенсиисæг куы сси æмæ фылдæр рæстæг ын куы уыд, райтынг кодта йæ сфæлдыстадон куыст, уæлдайдæр 1994-æм азы фæстæ. Уыцы периоды ныффыста дыууæ сæдæ æмдæвгæйæ фылдæр, уацау «Зындоны хъæлæс» (мæхъхъ. ЖожагӀатара оаз), ссæдз очеркæй фылдæр, публицистон уацтæ.

Юсуп Чакхиев ратæлмац кодта, цыппар мин азы агъоммæ кæй ныффыстæуыд, уыцы рагмысираг уацау «Синухеты цау». 2002-æм азæй у Уæрæсейы фысджыты цæдисы уæнг.