Перейти к содержанию

Цоциты Уасил

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Цоциты Васил-æй æрвыст)
Цоциты Уасил
Райгуырды датæ 1917-æм азы 25 декабры(1917-12-25)
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1947-æм азы 8 январы(1947-01-08) (29 азы)
Хуындад майор[d]
Тохтæ
Хорзæхтæ æмæ премитæ
Советон Цæдисы хъæбатыр
Ленины орден Сырх Тырысайы орден орден Александра Невского орден Отечественной войны I степени медаль «За оборону Сталинграда» медаль «За победу над Германией в Великой Отечественной войне 1941—1945 гг.»

Цоциты Семёны фырт Уасил — хæстон тæхæг, Советон Цæдисы Хъæбатыр. Райгуырдис 1917-æм азы 2 ноябры Цхинвалы районы Ортъеуы хъæуы. Уасил райдианы ахуыр кодта йæ райгуырæн хъæуы Ортъеуы. Уый фæтæ каст фæцис Сталиниры ирон авдазон скъола, стæй йæ йæ мады ’фсымæр Тбилисмæ акодта. Астæуккаг скъолайы ахуыркæнгæйæ, Цоцийы фырт уыцы иу рæстæджы куыста типографы дамгъæвзарæгæй, фæстæдæр та автотранспортон диспетчерæй. Фæстæдæр каст фæци Натлухы аэроклубы курсытæ æмæ дарддæр ахуырмæ ацыд Батайскы тæхджыты скъоламæ. 1938 азы йæ каст фæцис иттæг хорз бæрæгæнæнтимæ æмæ йæ рарвыстой Сталиниры аэроклубмæ тæхæг-инструкторæй. Цоциты Уасилы къухдариуæджы бын 62 хæххон лæппуйы æртæ-цыппар азы дæргъы Сталиниры аэроклубы базыдтой тæхыны иттæг хорз аивад.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты агъоммæ Цоциты Уасил ацыдис Мæскуымæ, Æфсæддон-Уæлдæфон Академимæ ахуыр кæнынмæ. Фæлæ йæ уым хæст æрыййæфта æмæ йæхи фæндонмæ гæсгæ ацыдис фронтмæ. Цоциты фырт йæ штурмгæнæгыл ацыд хæстон фæндаг Сталинградæй суанг Берлинмæ. 1942 азы 12 декабры Цоцийы фырт райста йæ фыццаг хæстон хорзæх — Сырх Тырысайы орден. Уый фæстæ йæ хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй хорзæхджын æрцыд Александр Невскийы, Фыдыбæстæйы хæсты фыццаг къæпхæны, Сырх Тырысайы дыууæ орденæй, «Сталинград бахъахъхъæныны тыххæй», «1941-1945 азты Германы фæуæлахизы тыххæй» майдантæй æмæ æндæр хорзæхтæй.

1943 азы 1 ноябры Указмæ гæсгæ хистæр лейтенант Цоциты Уасилæн знаджы тыхджын сфидаргонд фадыг атоныны æмæ Мариуполь ссæрибар кæныны сæрыл тохты арæхстджын архайдтыты тыххæй лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъæбатыры кадджын ном.

1947 азы йе службæйон хæстæ æххæстгæнгæйæ (ног хæдтæхæг фæлваргæйæ) Цоциты Уасил фæмард. Йæ каджын ном лæвæрд æрцыд горæт Цхинвалы иу уынгæн, Уанаты астæуккаг скъолайæн, æмæ бирæ пионерон дружинæтæн.

Цоцийы фырты уынг Цхинвалы