Перейти к содержанию

Алы æвзагыл дæр чи хъуамæ уой, уыцы ахсджиагдæр 1000 уацы »»»

Цæлыккаты Азæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Теккаты-Цæлыккаты Пашайы чызг Азæ (райгуырдис Ногхъæуы, амардис 2012-æм азы Дзæуджыхъæуы[1]) у Цæгат Ирыстоны ахуырады кусæг, математик.

Астæуккаг скъола каст фæци йæ райгуырæн хъæу Ногхъæуы (1949), стæй ахуыр кодта педагогон институты математикон факультеты æмæ йæ æнтыстджынæй каст фæци 1954-æм азы. Йæ ахуыргæнæджы карьерæ райдыдта Ташкенты, фæстæдæр раздæхтис Ирыстонмæ æмæ бирæ азты фæкуыста Цæгат Ирыстоны педагогон училищейы[1].

Йæ лæг Цæлыккаты Ибрагимимæ Азæ схъомыл кодта дыууæ сывæллоны: йæ фырт Измаил сси программист, йæ чызг Зæлинæ та — дохтыр[1].

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]