Хетæгкаты Къостайы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет
Внешний вид
(Цæгат Ирыстоны пединститут-æй æрвыст)
Хетæгкаты Къостайы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет (ЦИПУ) у Цæгат Ирыстоны уæлдæр ахуырадон уагдæттæй иу. 2016-æм азæй йæ ректор у Огойты Алан.
Истори
[ивын | Бындур ивын]Университет фыццаг фæзынди куыд педагогон институт, йæ фыццаг директор уыд Къесаты Георги. Георгийы фæстæ институтæн разамынд лæвардтой Æлборты Барысби, Къусраты Сæрмæт, Æбаты Шамил, Демыраты Михал, Барахъты Еленæ, Карп Чирва, Тинаты Николай, Павел Кобалава, Уæлысаты Данел, Халид Ошаев æмæ Цыбырты Христофор[1].
1969-æм азы Цыбырты Христофоры къухы бафтыд институтæй университет скæнын, сси ЦИПУ-йы фыццаг ректор. Уыцы аз университеты фæзындысты ног факультеттæ: экономикон (йæ сæргъы Цопанты Дзастемыр) æмæ юридикон (йæ сæргъы Къониаты Юри).
Факультеттæ
[ивын | Бындур ивын]- Биологон-технологион
- Географи æмæ геоэкологийы
- Университетмæ бацæуынмæ цæттæгæныны (уырыс. довузовской подготовки)
- Журналистикæйы
- Фæсарæйнаг æвзæгты
- Аивæдты
- Историон
- Математикæ æмæ информацион технологийы
- Æхсæнадæмон ахастыты
- Ирон филологийы
- Педагогон
- Квалификаци уæлдæр кæныны
- Психологийы
- Уырыссаг филологийы
- Социалон куысты
- Разамынды (уырыс. факультет управления)
- Фармацевтон (фармацевтикон)
- Физикон-техникон
- Физикон культурæ æмæ спорты
- Химион-технологион
- Экономикæйы
- Юридикон
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Рæстдзинад №241, 2008 азы 25 декабрь, ф. 3.