Перейти к содержанию

Хызисæн

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Хызисæн — чындзы цæсгом чи фембæрзы, уыцы хыз сисыны фæтк;йæ нысан уыдис чындз йæ мойы хæдзары бинонтыл нымад кæй æрцыдис, уый.

Хызисыны æгъдау æххастгонд цыдис къонайы фарсмæ, хистæр-иу ног чындзы къонайы бардуаг Сафа æмæ бинонтыл аудæг дзуар Бынаты хицауыл куы бафæдзæхста, уæд уыйфæстæ. Чындздзон хыз-иу чындзы сæрæй систа усгуры бинонты нæлгоймаг цоты æппæты кæстæрсæрмагонд тырыса сæрызæды фæрцы. Дарддæр-иу уыцы лæппу æмæ чындзы æхсæн, йæ мойы иннæ хастæджытæй хъауджыдæр, фæзындысты æмæ рæзтысты æнгомдæр ахастдзинæдтæ.