Хъодалаты Герсан
Внешний вид
Хъодалаты Зурабы фырт Герсан (райгуырдис 1938-æм азы 15 октябры Хуссар Ирыстоны Уæллаг Захъоры) у ирон поэт.
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Каст фæцис Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институт. Куыста Хуссар Ирыстоны радиойы, газет «Советон Ирыстон»-ы. Ныртæккæ у «Фидиуæджы» журналы сæйраг редактор.
Мыхуыры йын рацыди бирæ поэтикон чингуытæ, сæ ахсджиагдæртæ сты: «Бæлццон» (Цхинвал, 1964), «Ирон зæрдæ» (Цхинвал, 1968), «Æвронг зарæг» (Цхинвал, 1971), «Худыуæз» (Цхинвал, 1974), «Лæгдзырагъ» A977), «Табуафси» (Цхинвал, 1980), «Æртвæдис» (Цхинвал, 1983), «Куырыхон» (Цхинвал, 1986), «Уастырджи» (Цхинвал, 1989).[1]
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Ирыстоны поэзи // Чиныг сарæзта æмæ цыбыр биографион зонæнтæ ныффыста Хъодзаты Æхсар. Дзæуджыхъæу, Издательство «Веста», 2012