Хъамболты Тамерлан
Хъамболты Тамерлан | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1959-æм азы 13 ноябры (65 азы) |
Райгуырæны бынат | |
Бæстæ | |
Куысты бынат | |
Альма-матер | |
Ахуырадон къæпхæн | филологон зонæдты доктор[d] |
Хорзæхтæ æмæ премитæ |
Хъамболты Таймуразы фырт Тамерлан (райгуырд 1959-æм азы) у уæрæсейаг ахуыргонд, ЦИПУ-йы Фæсарæйнаг æвзæгты факультеты декан (1993-2007), ЦИППИ-йы ЮНЕСКО-йы кафедрæйы сæргълæууæг (2005-æм азæй), филологон зонæдты доктор, ЦИПУ-йы профессор, Уæрæсейы педагогон æмæ æхсæнадон зонæдты академийы æцæг уæнг.
Йæ цард æмæ куысты тыххæй
[ивын | Бындур ивын]Райгуырдис Цæгат Ирыстоны Æрæфы районы Хæзныдоны хъæуы 1959-æм азы. Каст фæци Дзæуджыхъæуы 21-æм скъола. Уæлдæр ахуырад райста ЦИПУ-йы Фæсарæйнаг æвзæгты факультеты францаг хайады. Университет каст фæуыны фæстæ Хъамболы-фырт куыста тæлмацгæнæгæй Алжиры (1981—1984-æм азты). 1992-æм азы фæци ЛПУ-йы аспирантурæ æмæ бахъахъхъæдта диссертаци нырыккон францаг æвзаджы лексикологийыл. 2002-æм азы бахъахъхъæдта докторы диссертаци æхсæнадон æвзагзонынадыл (социолингвистикæйыл).
1993-æм азæй фæстæмæ уыди ЦИПУ-йы Фæсарæйнаг æвзæгты факультеты декан, уый фæстæ, факультет йæ ном куы раивта, сси Æхсæнадæмон ахæстыты факультеты декан, стæй ногæй сси Фæсарæйнаг æвзæгты факультеты декан æмæ уыцы бынаты куыста 2007-æм азы онг. 2005-æм азæй æмафон кусы ЦИППИ-йы ЮНЕСКО-йы кафедрæйы сæргълæууæгæй (ныр дæр).
2009-æм азы æвзæрст æрцыдис Ирон æвзаджы ахуыргæнджыты æмæ иртасджыты ассоциацийы президентæй[1].
Ноджы ма кæс:
[ивын | Бындур ивын]Æддаг æрмæг
[ивын | Бындур ивын]- Хъамболты Тамерланы интервью (уырыс.)
- Языковая ситуация и языковая политика в Северной Осетии: история, современность, перспективы (Хъамболы-фырты монографи йæ докторон диссертацийы бындурыл, 2007)
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Газет «Владикавказ», 2009-æм азы 22 майы, № 38(705). Мæнæ ам ис уыцы газетæй ист уац: http://ironau.ru/nyxas/viewtopic.php?f=9&t=433