Хъама

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Рагон дурын хъама
Черкесаг хъама

Хъама (цуанон æвзагыл: арх[1]) у дыууæрдыгæй цыргъ цыргъаг хæцæнгæрзты сæрмагонд хуыз. Пайда кодтой уымæй алыхуызон адæмтæ, уыдоны ’хсæн ирон адæм дæр.

Хъама ирон адæмы царды[ивын | Бындур ивын]

Ирон цыргъаг хæцæнгæрзты ’хсæн зынгæ бынат ахсы хъама. Фæлæ нырма бæстон бæрæг нæу, кæцы æнусы фæзындис, уый. Хъаматæ сæ асмæ гæсгæ кæнынц æртæ дихы: егъау, рæстæмбис æмæ чысыл хъама. Сæ арæзт æмæ хуызмæ гæсгæ дæр кæнынц æртæ дихы: æхгæд æвзист хъама, æвзист хъама æмæ сауарæзт хъама. Æхгæд æвзист хъама хъаматæн се ’ппæтæй кадджындæр æмæ зынаргъдæр у. Уымæн æмæ йæ фистоны æддаг цъар кæрæй-кæронмæ вæййы æвзистæй æмæ йæ уый тыххæй хонынц æхгæд æвзист хъама. Æвзист хъамайæн йæ дæлвистоны тæлы æмæ къæдзилы тæлыйы астæу та æхгæд вæййы сау фидар æмæ уæздан сæракæй. Йæ фистон арæзт вæййы сыкъа кæнæ та стæгæй. Сау арæзт хъама иннæ хъаматæй вæййы егъаудæр æмæ уæззаудæр, уымæн æмæ йæ тъæпæны æфсæйнаг вæййы иннæтæй бæзджындæр. Хъамайы тъæпæны æфсæйнаг кæд хицæн хæйттæй конд нæу, уæддæр ын йæ арæзты хуызтæм гæсгæ ис фондз хайон номы: тъыл, тъæпæн, нукæуттæ æмæ бырынкъ. Хъаматæ сæ фистонтæм гæсгæ кæнынц дыууæ дихы: фæзвистон хъама æмæ сагъдвистон хъама.

Ирон адæммæ хъамайæн ис фондз бындурон нысаниуæджы: хæстон, куыстадон, дарæсы фидыцæн, æхсарæууæнчы æмæ динон нысаниуæг. Хъамайы хæстон нысаниуæг ис уый мидæг æмæ у цыргъаг хæцæнгæрзтæн се ’ппæтæй фердæхтджындæр. Иннæ цыргъаг хæцæнгæрзты хъауджыдæр уымæн йæ бырынкъ у тæссагдæр. Уыимæ хъамайæн дыууæрдыгæй дæр ис цыргъ кæмттæ æмæ дзы чердæм фæнды февзид йæ фистонырдыгæй йеддæмæ йæм бавналæн ничердыгæй ис æмæ зын байсæн у искæй къухæй дæр.

Ирон нæлгоймаджы дарæсы фæлысты бындурондæр хæйттæ сты уæлдзарм худ, цухъхъа, куырæт, бæрцытæ, кафæн, хæдбынтæ сæракæй, хъама, рон. Уыцы хæйттæй сæ иу дæр куы нæ уа, уæд нæлгоймаджы национ дарæсы фæлыст у æвидыц æмæ йæ лæгау лæг йæ сæрмæ нæ хаста. Уæдæ хъамайæн ис дарæсы фидыцы стыр ахадындзинад. Æнæ хъама нæлгоймаджы нæ фыдæлтæ хуыдтой «лалымы хуызæн лæг».

Хъама уыд æхсарæууæнк æфтауæн дзаума. Уымæй ард кæй хордтой, уый тыххæй йæ хуыдтой «æрдхæрæны дзаума» дæр. Ирон лæг ард хордта йæ комбæсты йæ хъæубæсты, йæ мыггаджы, йæ кæнгæ æфсымæры, йæ уарзон сылгоймаджы раз. Тынг карзæй йæ ардбахæрд чи нæ сæххæст кодтаид, уый нымад цыд фыдæлты фидар æууæнк халæгыл, комбæсты, хъæу æмæ мыггаджы худинаггæнæгыл æмæ йын уыдон ’хсæн цæрæн нал уыд. Хъоды, кæнæ йын кодтой марыны тæрхон дæр. Ахæм адæймагæй дзырдтой, йе ’ууæнк бахордта, зæгъгæ. Уый-иу фæлыгъд йæ кой, йæ хъæр кæцæй нал хъуыстаид, ахæм бæстæм. Ирон адæм ард хордтой Хуыцауæй, зæдтæй, фосæй, хорæй, сыджытæй, зынгæй. Хъамайæн ирон адæмы ’хсæн уыдис дины нысаниуæг дæр. Дин куыд амыдта, афтæмæй, дам, хæйрæг, дæлимон, бирæгъы дæндагæй фæстæмæ, хъамайæ тынгдæр ницæмæй тæрсы. Цæвиттон, бæлццоныл-иу фæндагыл цæугæйæ кæм баталынг, уым-иу æрыхсæвиуат кодта. Йæ алыварс-иу хъамайы бырынкъæй тымбыл хахх æркодта æмæ сæрибарæй фынæй кодта. Дины амындмæ гæсгæ афтæ хъуыды кодтой, ома, йæ сæрты ницы æрбахиздзæн. Иуæй-иу хъаматы тъæпæнтыл уыд Тутыры бонты арæзт бирæгъы нывтæ.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Дзиццойты Ю.А. Ирон филологийы фарстытæ. Том I. / Тыбылты А. номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет. - Цхинвал: Республика, 2017. — 464 ф.