Перейти к содержанию

Цуанон æвзаг

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Цуанон æвзаг кæнæ цуанæтты æвзагцуаны кæмæй пайда кæнынц, ахæм хицæн æвзаг, цуанон терминтæ дзы хуынд цæуынц фæсномыгæй. Зæгъæм, ирон цуанæттæ хъæддаг хуыйы бæсты дзырдтой «ссырджын», арсы хуыдтой «зылынвад», саджы «сыкъаджын» æмæ аф.д. Цуанæтты æвзаг дæр бирæ æндæр магион мадзæлтты хуызæн фæзынд цуан фæрæстмæ кæныны тыххæй: фæсномыг ныхасы руаджы ирон цуанæттæ хъавыдысты сæ фæндтæ Æфсатийæ æмæ, цуан цы сырдтыл кодтой, уыдонæй басусæг кæнын.[1]

Дзырд Ирон цуанон вариант Дыгурон цуанон вариант
куыдз цуанон
калм хилаг, хилæг
арс дзæмбыджын, кæрдохор, стыр, тъæпæнкъæх, тъæппкъæх, мыдхор, зыгъуыммæкæрцджын датугин, дату
хæрæг хæссæн
кæсаг донигъазгæ
хуы къахæг
саг пыхцысæр, сæрджын, сион, синджын, сыкъаджын, хъæлсы, цыбыркъæдзил, лæзæгджын, уæздæн, куырсаг
стай тугцъир, цыбырдым
зым зараг, дзиццы
хъæддагхуы къæндзыгджын, ссырджын бузна, бузнаг
рувас сайæгой, хинæйдзаг, Сырдоны дымæг, рæстæмбæлæг, гæмби
дзæбидыр ихсыдсæр, тæгæлсæр, здыхтсы, бодзо æртидзæстуг, дойрон
уырд кæсагхор
сычъи фондзкъахыгон, фугæйы бынæй, цыппардзæстыг, хъæлзæнг сайтан
тæрхъус гæндзæхгин, хæбæлгъос

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Дзадзиты А., Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат. Дзæуджыхъæу. 1994. — 284 с.

Литературæ

[ивын | Бындур ивын]
  • Т.Т. Камболов. Очерк истории осетинского языка — Владикавказ, Ир, 2006. 454 с.