Хъазбегты Хъазбег
Внешний вид
Хъазбегты Темболаты фырт Хъазбег (райгуырдис 1912-æм азы Чырыстонхъæуы — амардис 1966-æм азы) у ирон поэт.
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Хъазбегты Хъазбег райгуырди Чырыстонхъæуы (ныр Дигорæ). Сæ хъæуы скъола каст куы фæци, уæд кусын райдыдта фæскомцæдисы Дыгуры зылды комитеты. Ноджы ахуыр кодта æфсæнвæндаджы техникумы æмæ Хæххон педагогон институты литературон факультеты. 1938 азы каст фæци Цæгат Ирыстоны зонадон-иртасæг институты аспирантурæ æмæ ахуыргæнæгæй куыста пединституты.
1942 азы ацыди Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ.
Хъазбег литературон куыстыл фæцалх 1928 азы. Рауагъта къорд чиныджы. Йæ уацмысты æххæстдæр æмбырдгæндтæ сты: «Фæлтæрты намыс» (Орджоникидзе, 1960), «Фарныдуг» (Орджоникидзе, 1977).[1]
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Ирыстоны поэзи // Чиныг сарæзта æмæ цыбыр биографион зонæнтæ ныффыста Хъодзаты Æхсар. Дзæуджыхъæу, Издательство «Веста», 2012