Перейти к содержанию

Хъæдохтæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Хъæдохтæ[1] (уырыс. Кадоховы) сты дыгурон мыггаг.

Ацы мыггаг нымад у Гуылæры бындурон цæрæгыл. Се ’рвадæлтыл нымайынц Дзагъиты. Таурæгъмæ гæсгæ, Хъæдохты мыггагæй халерæйæ фервæзтис дыууæ лæппуйы. Лæппутæй иу уыд Уæхъæцы хъæуккаг Амилахуанты хæрæфырт, иннæ та Доныфарсы хъæуккаг хæрæфырт. Уыдон схастой сæ хæрæфыртты, устытæ сын ракуырдтой. Фæлæ сæ Найфонтæ марынмæ хъавыдысты, цæмæй Гулæрыхъæуы Хъæдохты зæххытæ уыдонæн баззадаиккой. Лæппутæн сæ мады æрвадæлтæй нæ бауæндыдысты сæ амарын. Уый фæстæ Хъæдохты лæппутæ æд бинонтæ æрцардысты Гулæры, сæ мыггаджы рагон цæрæнбынæтты. Фæстагмæ доныфарсаг хæрæфырт Гулæрæй алыгъд Кетмæ, уырдыгæй та — Цыколамæ. Амилахуанты хæрæфырт баззад Гулæры. Хъæдохты мыггаг куы сбирæ, уæд сæ иутæ фæлыгъдысты быдыры хъæутæм, иннæтæ та Дзынагъамæ.[1]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. 1 2 Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005 — 359 ф.