Хуыгаты Доментъи

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Хуыгаты Доменти-æй æрвыст)

Хуыгаты Зурабы фырт Доментъи (райгуырд 1880-æм азы Часавалы хъæуы, ныр Хуссар Ирыстоны) уыди æфсæддон, æхсæнадон архайæг, Ногиры хъæуы бындурæвæрæг.

Йæ хæстон архайд[ивын | Бындур ивын]

У 1904-1905-æм уырыссаг-япойнаг хæсты архайæг. Ацы рæстæджы йын лæвæрд æрцыд IV-æм къæпхæны Гиоргийы дзуар. Фыццаг Æппæтдунеон хæсты архайæг дæр уыд. Тох кодта Хуссар-ныгуылæн фронты. Райста II-æм æмæ III-æм къæпхæны Гиоргийы дзуæрттæ. Хæст фæци унтер-афицеры цинимæ.

Хæсты фæстæйы азтæ[ивын | Бындур ивын]

Фронтæй раздæхыны фæстæ архайдта Мидхæсты. 1921-æм азы Гуырдзыстоны меньшевиктæ Хуссар Ирыстонмæ бабырстысты. Геноцидæй сæхи фервæзын кæнгæйæ, Хуссар Ирыстоны цæрджытæ Дзæуджыхъæуы цæгатварс бындур æрæвæрдтой Ногиры хъæуæн. Йæ бындурæвæрæг æмæ хъæуы æххæстгæнæг комитеты фыццаг разамонæг уыди Хуыгайы-фырт.

Æддаг æрмæг[ивын | Бындур ивын]