Хуыбецты Раисæ
Хуыбецты Раисæ | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1922 |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 2002 |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Ахуырад | |
Архайды хуыз | драматург |
Хорзæхтæ |
Хуыбецты Василийы чызг Раисæ (райгуырдис 1922-æм азы 25 декабры Алагиры — амардис 2002-æм азы 2 январы) уыди ирон драматург.
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Хуыбецты Раисæ райгуырди 1922 азы 25 декабры Алагиры. Ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы æфсæнвæндаджы транспорты техникумы æмæ Цæгат Ирыстоны педагогон институты. 1949 азы каст фæци М. Горькийы номыл литературон институт.
Хуыбецты Раисæйы фыццаг комеди «Нæ хæлæрттæ» Цæгат Ирыстоны драмон театр равдыста 1948 азы. Уæдæй фæстæмæ драматург æмгуыст кæнын райдыдта театримæ, æмæ сценæйыл æвдыст æрцыдысты йæ пьесæтæм гæсгæ æвæрд спектакльтæ «Замирæт», «Софяйы зарæг» (æмавтор), «Сау чызг», «Мады намыс», «Амонд», «æнувыд зæрдæ», «Хетæг». Комеди «Софяйы зарæджы» бындурыл арæзт æрцыд фыццаг ирон опереттæ «Уалдзыгон зарæг».
Хуыбецты Раисæйы комедитæ æмæ драмæтæ раивтой Советон Цæдисы бирæ адæмты æвзæгтæм, равдыстой сæ Ирыстоны уырыссаг драмон театры æмæ бæстæйы дæсгай театрты сценæтыл.
Драматург бирæ азты дæргъы куыста ЦИАССР-йы Аивæдты хъуыддæгты управленийы, Хетæгкаты Къостайы номыл ирон литературæйы музейы директорæй æмæ Цæгат Ирыстоны музыкалон театры литературон хайады сæргълæууæгæй.[1]