Хозиты Яков

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Хозиты Яков
Райгуырды датæ 1916-æм азы 8 февралы(1916-02-08)
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1938-æм азы 9 июлы(1938-07-09) (22 азы)
Мæлæты бынат
Архайды хуыз поэт

Хозиты Ясоны фырт Яков (райгуырдис 1916-æм азы 8 февралы Хозитыхъæуы — амардис 1938-æм азы 9 июлы Дзæуджыхъæуы) уыд зындгонд ирон поэт.

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

1922-æм азы Хозиты бинонтæ сæ цæрыны бынат аивтой хохæй быдырмæ æмæ бацардысты Кировыхъæуы. 1930-æм азы Яков каст фæци скъола æмæ дарддæр ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы Фыццæгæм фæлварæн скъолайы, иу азы фæстæ та хъæууон хæдзарады техникумы. 1932 азы сентябры Яков сси Цæгат Ирыстоны педагогон институты литературон факультеты студент.

Æмдзæвгæтæ фыссын Яков райдыдта лæппуйæ ма куы уыди, уæд. Æмæ уый фæрцы йын тынг æхсызгон уыд ахуыр кæнын литературон къорды «Ног талатæ». Къорды уыди тынг архайдмæ разæнгард. 1932 азы фыццаг хатт нымыхуыр кодтой йе ’мдзæвгæтæ прессæйы. 30-ты æзты республикæйы уагътой 14 газетты æмæ журналы ирон æвзагыл æмæ се ’ппæты дæр æрыгон поэт мыхуыр кодта йе ’мдзæвгæтæ.

1936 азы Хозиты Яков каст фæци институт æмæ бацыди аспирантурæмæ Цæгат Ирыстоны зонадон-иртасæг институты. Аспирантæй уæвгæйæ 1938 азы 9 июлы амардис Терчы доны найгæйæ. Цыдис ыл 22 азы. Нигер ын йæ ном ссардта æмдзæвгæйы «Ахуыссыди заринаг зæрдæ», схуыдта æрыгон поэты Майы фаззон — ома, майау рæсугъд æмæ цыбыр уыд йæ цард.

Сфæлдыстад[ивын | Бындур ивын]

Хозиты Яков ныффыста бирæ поэтикон уацмыстæ. Тынг курдиатджын æмдзæвгæтыл нымад сты «Республикæ», «Терчы хъаст», «Ног Ирыстон», «Цины зарæг», «Октябры сидтон», «Арæнтыл» æмæ æнд. Фыста сывæллæттæн дæр. «Гæлæбу æмæ скъоладзау», «Сывæллæттæ æмæ афæдзы афонтæ», «Сывæллæттæн ныстуан» æмæ æндæртæ.

Йе ’мдзæвгæйы «Республикæ» поэт Ирыстонмæ дзуры:

Фæнды мæ дæ циныл ыстыр цинæй зарын,
Октябрæн арфæ дæ номæй кæнын.
Фæнды мæ нæ бонты аккаг дзырд ыссарын,
Нæ дуджы æвзагæй мæ фæндтæ зæгъын.

Æндæр æмдзæвгæйы («Ног Ир») бамбарын кæны уыцы «нæ дуджы æвзаджы» хабар:

Зæронд заман! Дæ хъару басаст.
Дæ рис, дæ тухитæ — мæ рын.
Мæнмæ æрттивгæ хур æрбакаст, —
Æз абон ног Иры цæрын.

«Æмткæй Яковы лирикæ у ныфс æмæ сгуыхты поэзи», — зæгъы Хозийы-фыртыл Джыккайты Шамил.

Хозиты Яковы сфæлдыстады зынгæ бынат ахсы аивадон тæлмац. Яков ратæлмац кодта ирон æвзагмæ А. С. Пушкины «Паддзах Салтаны тыххæй аргъау», М. Ю. Лермонтовы æмдзæвгæтæ Кавказы тыххæй кæй ныффыста, уыдон, Ф. Шиллеры «Уалдзыгон зарæг», Ш. Руставелийы «Стайыцармдарæг», М. Горькийы «Чызг æмæ мæлæт», В. В. Маяковскийы æмдзæвгæтæй кæцыдæртæ.

Хозиты Яков архайдта критикæ æмæ литературæйы зонадыл, кодта хрестоматитæ ирон литературæйæ скъолатæн. Кæд бирæ нæ фæцардта, уæддæр стыр ном йæхицæн скодта ирон литературæйы историйы.