Хлынцов, Николай Александры фырт
Внешний вид
Николай Александры фырт Хлынцов | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1948-æм азы 26 декабры (75 азы) |
Райгуырæны бынат | |
Архайды хуыз | политик |
Николай Хлынцов (уырыс. Николай Александрович Хлынцов) у Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы хицауады сæрдар[1] 2006-æм азы 6 сентябрæй[2] 2012-æм азы майы онг. Уыцы бынаты йæ аивта Такъоты Сергей.
Хлынцов райгуырд Дзæуджыхъæуы 1948-æм азы 26 декабры, каст фæци Цæгат Кавказы хæххон-металлургион институты арæзтадон факультет, куыста арæзтады (уыимæ трест «Электронстрой»-ы сæргълæууæгæй), уый фæстæ уыд партийы инструктор, партийы Промышленнон райкомы фыццаг секретарь.
Хицауады сæрдар суæвыны агъоммæ 2001-æм азæй фæстæмæ фондз азы дæргъы куыста Цæгат Ирыстоны таможнæйы сæргълæууæджы хæдивæгæй.
Ис ын бинонтæ, чызг.
Æддаг æрмæг
[ивын | Бындур ивын]- Хлынцовы биографи Хицауады порталы Архивгонд æрцыдис 3 сентябры 2008 азы.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Дзæуджыхъæу уыдзæн æдас горæт // «Рæстдзинад», №238, 2008 азы 20 декабрь.
- ↑ Кавказский узел: персоналии (уырыс.)