Хинкъали
Хинкъали (гуырдз. ხინკალი) — Гуырдзиаг хæринæгтæй иу, Гуыдан, Хад æмæ Хевсуреты хохбæстæты мидæг цы хъæбынты мыггаг равзæрд, уый. Хæринаг парахатгонд у канд Гуырдзыстоны нæ, фæлæ ма Кавказы æндæр рæтты æмæ ивгъуыд ССРЦ-ы бæстæты дæр.
Гуырдзиаг хинкъалитæ сæ кондмæ æмæ арæзты фæрæзмæ гæсгæ дагъистайнаг хинкъалимæ иухуызон не сты, уымæн æмæ уыцы дагъистайнаг хæрд сæ хуызмæ гæсгæ у æндæр æмæ хауы хæнкъæлты мыггагмæ итайлаг пастæ, украинаг галушкæтæ, корейаг рамэн æмæ ацы хуызы иннæ адæмыхæттыты хæринæгтимæ.
Советон æмæ уæрæсейаг картвелолог Георги Климовмæ гæсгæ, дзырд хинкъали у солиаг æвзагæй æрбайсгæ æмæ цæуы бирæон нымæцы номдарæй ххинкI-ал, кæцыйæн йæ уидыг ххинкI нысан кæны «донвыхт хыссæйы лыггаг» [1].
Хæринаджы конд
[ивын | Бындур ивын]Хинкъалиты гахæ аразынц стурфыдæй/родыфыдæй кæнæ хуыйыфыдæй (арæх — стурфыд хуыйыфыдимæ), стæм хатт — фысыфыдæй/уæрыччыфыдæй. Гахæ вæййы лыггонд (классикон вариант) кæнæ фаршы хуызы. Æнæмæнгæй æм бафтауынц бирæ алыхуызон хъацæнтæ æмæ цæхæрагæрдæджытæ. Хинкъалитæ ма вæййынц цыхтимæ дæр (арæхдæр сулугуни), уый вегитарианонтæн у дзидзайы бæсты. Вегетириайнаг хинкъалитæ ма вæййынц зокъотимæ. Хинъалиты стыр ассортимент цы хæрæндæтты вæййы, уым ма хинкъалитæ вæййынц зокъо æмæ цыхтимæ, гогызы фыдимæ ’мæ ма рачъыфыдимæ дæр[2].
Хинкъалиты цæттæ кæнынады ахсджиаг элемент у сæ формæйы хуыз. Тридицимæ гæсгæ, гуырдзиаг устытæ хинкъали куы аразынц, уæд дзы йæ цъуппыл ныууадзынц гыццыл «къуди» хыссæйæ. Хинкъалийы бындуры (йæ къудимæ бацæуæны) хъуамæ 18-æй цъусдæр æнцъылды ма уа. Афтæ сыл æнцон у хæцын; ноджы ма йæ къуди афтæ тагъддæр ауазал вæййы. Йæ къуди йын арæхдæр аппарынц (уымæй уæлдай ма къудитæм гæсгæ ’нцон у базонын, чи цал хинкъалийы бахордта)[3]. Арæзт хинкъалитæ сфыцынц æхсидгæ доны (иуыл æмбæлгæ вариант) æви цурынц. Цыдæр хæрæндæтты хинкъалиты алы хуызмæ дæр алыхуызон гахæимæ равæрынц куыд фых, афтæ сурвых вариант дæр.
Алы хинкъалийы мидæг дæр хъуамæ уа бирæ «дзидзадон» (бульон). Уый тыххæй сæ зын хæрæн у, æмæ сæ хъуамæ хæрай къухтæй: кард æмæ вилкæйæ куы пайда кæнай, уæд дзы дон нал баззайдзæн.
Æрвитæнтæ
[ивын | Бындур ивын]- Хинкали — это не просто еда (уырыс.)
- Хинкали — рецепты приготовления (уырыс.)(æнæбаххæсгæ æрвитæн)
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Климов, Г. А. Введение в кавказское языкознание. М.: Наука, 1986. С. 194. (уырыс.)
- ↑ Микаел Сагиян. У Бурчо (уырыс.) . www.burcho.ru. Датæ: 2020-æм азы 25 июлы.
- ↑ 10 ошибок, которые мы делаем в грузинских ресторанах в Москве . Time Out. Датæ: 2020-æм азы 13 мартъийы.