Хидирты Ехйа

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Хидирты Батырбеджы фырт Ехйа, дыгур. Хидирти Ехйа (райгуырдис 1934-æм азы Лескены — амардис 1999-æм азы) у дыгурон поэт.

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Хидирты Ехйа райгуырдис Цæгат Ирыстоны Лескены интеллигенты хæдзары. Батырбег уыд ахуыргонд лæг, зæххы куысты дæсны. Фæлæ йæ æнаххосæй æрцахстой æртынæм азты æмæ йæ амардтой.

Ехйа ахуыр кодта сæ хъæуы астæуккаг скъолайы, стæй та Мæскуыйы паддзахадон университеты. Куыста Цæгат Кавказы хæххон-металлургион институты бирæтиражон газеты редакцийы, Стыр Дыгуры астæуккаг скъолайы ахуыргæнæгæй, Лескены совхозы фæскомцæдисы организацийы секретарæй, фæскомцæдисы райкомы дыккаг секретарæй, райæххæсткомы культурæйы хайады сæргълæууæгæй, газет «Дигорæ»-йы редакцийы.

Ехйайæн мыхуыры рацыди цалдæр чиныджы. Сæ зынгæдæр у æмдзæвгæтæ æмæ кадджыты æмбырдгонд «Есе» (чиныгуадзæн «Ир», 1987).[1]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Ирыстоны поэзи // Чиныг сарæзта æмæ цыбыр биографион зонæнтæ ныффыста Хъодзаты Æхсар. Дзæуджыхъæу, Издательство «Веста», 2012