Перейти к содержанию

Харебаты Леонид

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Харебаты Леонид
Райгуырды датæ 1934
Райгуырæны бынат Хуыцъе, Лагодехы муниципалитет
Мæлæты бон 2019-æм азы 3 апрелы(2019-04-03)
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз поэт
Хорзæхтæ
Кады Нысан

Харебаты Петройы фырт Леонид (райгуырдис 1934-æм азы[1] Хуыцъейы хъæуы — амардис 2019-æм азы 3 апрелы[2]) у ирон поэт, прозаик, куысты ветеран, Советон Цæдисы Фысджыты цæдисы уæнг, Хуссар Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг.[3]

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Харебаты Леонид райгуырдис Къахеты Хуыцъейы хъæуы. Уырдæм йæ фыдæлтæ хуыздæр цардæнхъæл фæцыдысты Октябры революцийы агъоммæ, фæлæ нæ фесты райгонд. Тæфсæг сыл бахæцыд æмæ цагъды кодтой. Нæ уыдис дохтыр, нæ уыдис скъолатæ. Æрмæст Советон хицауад сси сæ ирвæзынгæнæг. Æмæ Леонид удæгас баззади æмæ слæууыди ахуыр æмæ сфæлдыстады фæндагыл. Бирæ бауарзта чиныг.

Фыды фарн мæрдтæм нæ цæуы, — куыд фæзæгъынц — Леонидæн йæ фыд дæр бирæ уарзта Хетæгкаты Къостайы. «Ирон фæндыр» æдзух æй хаста йемæ æмæ-иу зарыдис «Додой», «Салдат», «Балцы зарæг». Йæ фыды фыд Киба уыдис диссаджы таурæгъгæнæг, уымæй хуыздæр та уыд йæ мады фыд Джусойты Шамил. Сæрæй кæронмæ зыдта «Нарты кадджытæ», æнæкæсгæйæ-иу сæ дзырдта, зарыд æмæ цагъта дыууадæстæнон фæндырыл. Леонид дзырдта: «Йæ кадæг-иу куы фæцис мæ мады фыд Шамил, уæд-иу фæстаг хатт балхынцъ кодта: «Уый уын ракодтон не стыр фыдæлты кадгæнæг таурæгътæ æмæ сæ ма ферох кæнут, мæлын сæ ма бауадзут». Шамил æмæ Киба раджы ахицæн сты сæ цардæй, афтæмæй семæ ахастой бирæ таурæгътæ, фæлæ сын сæ ныффыссынмæ ничи фæцырд.

Леонид куыд дзырдта, афтæмæй йæ фыд æвæндон цард кодта Къахеты, фæстæмæ йæ фыдæлты зæхмæ æрыздæхынмæ бæлгæйæ, стæй иу æмæ дыууиссæдз аздзыдæй бабын трагикон æгъдауæй. Леонидæн бирæ æвзонгдæрæй амард йæ мад Джусойты Раичка.

Леонид куыд рæзти æмæ цы зындзинæдтæ æвзæрста сидзæрæй, уый тыххæй фыста: «Ме ’взонджы бонты æз цы зындзинæдтæ бавзæрстон, уыдон кой нæ кæндзынæн, уыдон бирæ дзуринаг сты, фæлæ æз схъомыл дæн нæ хионты æмæ æввахс хæстæджыты аудындзинады фæрцы».[4]

Сфæлдыстад

[ивын | Бындур ивын]

Йæ фыццаг роман «Уарзт æмæ денджыз» мыхуыры рацыд 1971 азы, уырыссагау – 1977 азы, æмæ 1981 азы та – гуырдзиагау.

Йæ дыккаг роман «Сыгъдысты зæрдæтæ», загъгæ, фыццаг том рацыд 1983 азы, Цхинвалы, рауагъдад «Ирыстон»-ы.

Леонид у республикæ Хуссар Ирыстоны иууыл бæрзонддæр хорзæх «Кады орден» хæссæг, куысты ветеран, ССР Цæдисы фысджыты цæдисы уæнг.[5]

Сывæллæттæ

[ивын | Бындур ивын]
  • Ацæмæз (райг. 1958) — нывгæнæг
  • Алан – инженер

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Ossetians.com // Харебаты Леонид
  2. Cominf.org // Ушел из жизни выдающийся осетинский писатель Леонид Харебов
  3. Харебаты Л. Мæ мысинæгтæ. — Цхинвал: Ирыстон, 2006. — 134 ф.
  4. Фидиуæг №5/2022 // Фидиуæджы равдыст: Харебаты Ацæмæз
  5. Фидиуæг №5/2022 // Туаты Ленæ – Харебаты Леониды мысгæйæ