Плиты Харитон
Плиты Харитон | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1908-æм азы 19 сентябры |
Райгуырæны бынат | Рукъ |
Мæлæты бон | 1966-æм азы 26 декабры (58 азы) |
Мæлæты бынат | Дзæуджыхъæу |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Архайды хуыз | поэт, тæлмацгæнæг |
Уацмысты æвзаг | ирон |
Хорзæхтæ |
Плиты Дауыты фырт Харитон (Хадо[1]) (райгуырдис 1908-æм азы 19 сентябры Ручъы хъæуы — амардис 1966-æм азы 26 декабры Дзæуджыхъæуы) у ирон поэт.
Йæ номдзыддæр кадджытæй иу — «Сæлимæт» фыццаг хатт мыхуырæй рацыдис 1930-æм азы журнал «Фидиуæджы». Йæ фыццаг чиныг «Цæхæртæ» мыхуыры фæзынд 1931-æм азы, уыйфæстæ йын чиныг цыд чиныджы фæдыл Ирыстоны æмæ Мæскуыйы.[1]
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Плиты Харитон райгуырди Ручъы хъæуы мæгуыр бинонты астæу. 1930 азы каст фæци Цхинвалы педтехникум. Фæстæдæр ахуыр кодта Мæскуыйы пединституты, уырдыгæй та баивта Философийы, литературæйы æмæ историйы институтмæ. 1936 азы ссыди Дзæуджыхъæумæ, куыста радиокомитеты, стæй та «Рæстдзинад»-ы редакцийы.
1937 азы йæ равзæрстой Хуссар Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдарæй. 1942 азы йæм фæсидтысты Сырх æфсадмæ. Уырдыгæй куы сыздæхт, уæд куыста Цæгат Ирыстоны чиныгуадзæны, журнал «Мах дуг» æмæ газет «Æрыгон большевик»-ы редакциты.[2]
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ 1,0 1,1 Плиты X. Уацмыстæ. Иу томæй. Орджоникидзе, «Ир», 1972 — 387 ф.
- ↑ Ирыстоны поэзи // Чиныг сарæзта æмæ цыбыр биографион зонæнтæ ныффыста Хъодзаты Æхсар. Дзæуджыхъæу, Издательство «Веста», 2012