Хæбуз

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Хæбуз (лат. variola, variola vera) у, адæймагæн тынг тæссаг чи у, ахæй хæцгæ низ. Дунейы алы адæмæн дæр уыд стыр азары аххос, ирон адæм хæбузы хуыдтой дзуар, стырдзуар[1] дæр (уымæн хæстæг сты иуæй-иу æндæр адæмтæн хæбузы нæмттæ — зæгъæм, хуссар славяйнæгтæ хонынц æй богине, ома, усхуыцау).

Низ чи расайы, уыцы вирустæ вæййынц дыууæ хуызы: Variola major (уымæй чи фæрынчын, уыдонæй 20—90 % мæлынц) æмæ Variola minor (мæлынц 1—3 %). Хæбузæй чи рынчын уыди, уыцы адæймæгтæй бирæтæ куырм кæнынц, иууылдæрæн сæ цармыл баззæйынц ностæ.

Хæбузы ныхмæ æдасæй æфтауын фыццаг базыдта Эдуард Дженнер XVIII æнусы кæрон. Уый пайда кодта хъуджы хæбузы æрмæгæй. Уæдæй европæйаг бæстæты хæбузы ныхмæ æфтауын байдыдтой парахатæй, æмæ уыцы тæссаг низ баззад æрмæст Ази æмæ Африкæйы (уым XX æнусы дæргъы дæр хæбузæй амарди 300 милуан адæймаджы бæрц).

1980-æм азы официалонæй фехъусын чындæуыд, хæбуз кæй нал баззади дунейы, уый тыххæй.

2022-æм азы адæймæгтæ райдыдтой маймулийы хæбузæй рынчын уæвын. Кæд адæймаджы хæбузимæ абаргæйæ афтæ хæцгæ низ нæу, уæддæр у тæссаг[2].

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Дзабиты З.Тъ. Ирон адæмон медицинон терминологи. — Цхинвал, «Республика», 2018
  2. Маймулийы хæбузы тыххæй ахсджиагдæр информаци (уырыс.)