Фламандаг æвзаг
Внешний вид
(Фламандиаг æвзаг-æй æрвыст)
| Фламандаг æвзаг | |
|---|---|
| Vlaams (/ˈvlɑːms/) | |
| |
| Бæстæтæ | Бельги |
| Дзурджыты нымæц | 6,7 милуан ад. |
| Классификаци | |
| Категори | Евразийы æвзæгтæ |
|
|
| Фыссынад | латинаг алфавит |
| Æвзæгты кодтæ | |
| ISO 639-1 | — |
| ISO 639-2 | — |
| ISO 639-3 | vls |
Фламандаг æвзаг (нидерл. Vlaams), зæгъгæ, уыцы æмбарынадæн ис цалдæр нысаниуæджы. Фыццаджыдæр бафиппайын хъæуы уый æмæ ацы æвзаг нæу Фландрийы официалон æвзаг (ахæм статус ис нидерландаг æвзагæн).
Æмбарынад «фламандаг æвзаг»-æн ис ахæм нысаниуджытæ:
- Фландрийы цы нидерландаг æвзагæй пайда кæнынц, уыцы регионалон вариант (куыд стандартон æвзаг, афтæ диалекттæ);
- æппæт фламандаг диалектты иумæйаг ном;
- раздæры Фламандаг графады диалектты иумæйаг ном.
Фландрийы скъолаты ахуыр кæнынц нидерландаг æвзаг — уымæй ахуырады æвзаг хæдзарон æвзагимæ иухуызон нæу.
Фламандаг æвзаджы сæйрагдæр хъауджытæ нидерландаг æвзагимæ абаргæйæ сты:
- дзурыны ахаст: хъæлæсон мырты фæстæ нидерландæгтæ дзурынц [j], кæд æмæ фысгæ йæ нæ кæнынц, уæддæр; фландриæгтæ афтæ нæ кæнынц (nee хъуысы куыд [нээй] Нидерландты æмæ куыд [нээ] Фландрийы);
- дзырдуат: бирæ дзырдтæ иухуызон не сты — зæгъæм, апельсин нидерландагау у sinaasappel, фламандагау та — appelsien.
- иуæй-иу дзырдтæ сæ мыртæм гæсгæ иухуызон сты, фæлæ сæ нысаниуæг æндæр у: lopen нидерландагау у «тезгъо кæнын», фламандагау та — «згъорын»; schreeuwen нидерландагау «хъæр кæнын», фламандагау та — «кæуын, дзыназын».
