Фламандаг æвзаг

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Фламандаг æвзаг
Хином: Vlaams (/ˈvlɑːms/)
Бæстæтæ: Бельги
Æдæппæт дзурджыты нымæц: 6,7 милуан ад.
Классификаци
Категори: Евразийы æвзæгтæ
Индоевропæйаг æвзæгтæ
Гермайнаг къорд
Ныгуылæн-гермайнаг дæлкъорд
Нидерландаг æвзаг
Фламандаг æвзаг
Фыссынад: латинаг алфавит
ISO 639-1:
ISO 639-2:
ISO 639-3: vls
Æвзæгты тыххæй æппæт статьятæ

Фламандаг æвзаг (нидерл. Vlaams), зæгъгæ, уыцы æмбарынадæн ис цалдæр нысаниуæджы. Фыццаджыдæр бафиппайын хъæуы уый æмæ ацы æвзаг нæу Фландрийы официалон æвзаг (ахæм статус ис нидерландаг æвзагæн).

Æмбарынад «фламандаг æвзаг»-æн ис ахæм нысаниуджытæ:

  • Фландрийы цы нидерландаг æвзагæй пайда кæнынц, уыцы регионалон вариант (куыд стандартон æвзаг, афтæ диалекттæ);
  • æппæт фламандаг диалектты иумæйаг ном;
  • раздæры Фламандаг графады диалектты иумæйаг ном.

Фландрийы скъолаты ахуыр кæнынц нидерландаг æвзаг — уымæй ахуырады æвзаг хæдзарон æвзагимæ иухуызон нæу.

Фламандаг æвзаджы сæйрагдæр хъауджытæ нидерландаг æвзагимæ абаргæйæ сты:

  • дзурыны ахаст: хъæлæсон мырты фæстæ нидерландæгтæ дзурынц [j], кæд æмæ фысгæ йæ нæ кæнынц, уæддæр; фландриæгтæ афтæ нæ кæнынц (nee хъуысы куыд [нээй] Нидерландты æмæ куыд [нээ] Фландрийы);
  • дзырдуат: бирæ дзырдтæ иухуызон не сты — зæгъæм, апельсин нидерландагау у sinaasappel, фламандагау та — appelsien.
  • иуæй-иу дзырдтæ сæ мыртæм гæсгæ иухуызон сты, фæлæ сæ нысаниуæг æндæр у: lopen нидерландагау у «тезгъо кæнын», фламандагау та — «згъорын»; schreeuwen нидерландагау «хъæр кæнын», фламандагау та — «кæуын, дзыназын».