Финнаг ном
Финнаг адæмы нæмттæ сæ структурæмæ гæсгæ æндæр европæйаг адæмты нæмтты системæты æнгæс сты. Финнаг номы ис гоймагон ном æмæ мыггагон ном. Гоймаджы ном фыссынц разæй. Хауæны формæты тасындзæг кæнынц æрмæст мыггагон нæмттæ, гоймагон ном баззайы номон хауæны: Toivo Lehtinen (Тойво Лехтинен) — Тоіvо Lehtiselle (Тойво Лехтиненæн) æмæ афтæ дарддæр.
Цавд хауы дзырды фыццаг уæнгмæ.
Ном
[ивын | Бындур ивын]Финнаг нæмтты ’хсæн ис æппæтевропæйаг нæмттæ: Maria, Helena, Antero — Андрей, Matti — Матвей æмæ æндæр ахæмтæ. Ис финнаг лексикæйы ист нæмттæ дæр: Arvo «цыт», Marja «гагадыргъ», Urho «хъæбатыр». Иуæй-иу нæмттæ сты мифологийæ ист: Ilmari, Kalevi, Tapio.
Иуæй-иу сывæллæттæн дæттынц дыууæ-æртæ номы.
1970-тæм азтæй Финляндийы чи царди æмæ цæры, уыдоны ’хсæн популярондæр уыдысты мæнæ ахæм нæмттæ[1][2]:
Лæджы нæмттæ | Чырыстон сыгъдæг | Хæсджыты нымæц | Сылгоймаджы нæмттæ | Чырыстон сыгъдæг | Хæсджыты нымæц |
---|---|---|---|---|---|
Juhani | Сыгъдæг Иоанн | 332172 | Maria | Мады Майрæм | 355087 |
Johannes | Сыгъдæг Иоанн | 236343 | Helena | Сыгъдæг Еленæ | 166254 |
Olavi | Сыгъдæг Олаф | 217861 | Anneli | Сыгъдæг Аннæ | 143411 |
Antero | Сыгъдæг Андрей | 180783 | Johanna | Сыгъдæг Иоанн | 142891 |
Tapani | Сыгъдæг Стефан | 152220 | Kaarina | Сыгъдæг Катаринæ | 129888 |
Kalevi | нæй | 141428 | Marjatta | Мады Майрæм | 122602 |
Tapio | нæй | 134185 | Anna | Сыгъдæг Аннæ | 111180 |
Matti | Сыгъдæг Матвей | 126720 | Liisa | Сыгъдæг Елизаветæ | 100555 |
Ilmari | нæй | 109727 | Annikki | Сыгъдæг Аннæ | 96836 |
Mikael | Архангел Михаил | 109315 | Hannele | нæй | 91516 |
Мыггаджы ном
[ивын | Бындур ивын]Финнаг адæмы мыггагон нæмттæ фыссын байдыдтой æрмæст XIX æнусы кæрон, уый тыххæй æмæ уый агъоммæ хъалон истой хъæуæй — паддзахады хъуыдысты æрмæстдæр хъæуты бæлвырд нæмттæ.
Нæмтты тыххæй закъон йæ тыхы бацыдис æрмæст 1921-æм азы, Финлянди хæдбар паддзахад куы уыди, уæд. Алы финнаджы уæд бахъуыдис йæ бынæттон сауджынмæ æрбацæуын æмæ йæхицæн мыггаг райсын. Уый тыххæй бирæ финнаг нæмттæ сты ардзы темæйыл: æппæты халиугонд у Виртанен (virta «цæугæдоны цыд») æмæ Ниеминен (niemi «æрдæгсакъадах»).
Финнаг уæздæттæн уыдис шведаг равзæрды мыггæгтæ, уыдонæй бирæтæ сæхицæн райстой финнаг нæмттæ. Афтæ нывгæнæг Axel Gallen сси Аксели Галлен-Каллелæ, поэт Einar Lönnbohm сси Эйно Лейно, Финляндийы æвдæм президент Юхо Паасикиви раздæр уыд Johan Hellsten.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Nimipalvelu. Архивгонд æрцыдис 27 сентябры 2007 азы. Väestörekisterikeskus. Retrieved 3-11-2008. (финн.)
- ↑ Suomalaisten nimien alkuperä Архивгонд æрцыдис 11 мартъийы 2017 азы.. The equivalent names of the saints are taken from the list in this source. Retrieved 3-11-2008. Juhani (финн.)
Ссылки
[ивын | Бындур ивын]- suomalaiset nimet Финнаг нæмттæ Архивгонд æрцыдис 27 февралы 2009 азы. (уырыс.)
- Финнаг мыггаджы нæмттæ Архивгонд æрцыдис 27 февралы 2009 азы. (уырыс.)