Цавд

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Цавд хуыйны, дыууæ кæнæ фылдæр-уæнгон дзырды йе та дзырдбасты искæцы уæнг хъæлæсы уагæй иртæст куы цæцæуы, уæд уый.

Ирон æвзаджы цавд фæхауы хицæн сæрмагонд дзырдтыл дæр (кæнæ сæрмагонд дзырд баиу вæййы æххуысгæнæг дзырдимæ), стæй дзырбæстытыл дæр[1].

Цавды хуызтæ сты:

  • динамикон цавд, баст вæййы хъæлæсы тыхимæ;
  • музыкалон (тоникон) цавд, бæрзонд хъæлæсы уагимæ баст (зындгонддæр дæнцæгтæ сты китайаг æмæ вьетнамаг æвзæгтæ, фæлæ Европæйы дæр уыцы хуызыл сæмбæлæн ис — шведаг æмæ сербаг æвзæгты);
  • бæрцон (квантитативон) цавд иу уæнг иннæтæй фæхицæн кæны йæ хъæлæсоны дæргъватиндзинадæй.

Уырыссаг æвзаджы цавды æрдз дывæр у: динамикон æмæ бæрцон (цавд кæуыл хауы, уыцы хъæлæсонтæ иннæтæй абаргæ дыууæ хатты даргъдæр свæййынц).

Цавды бынат[ивын | Бындур ивын]

Уырыссаг æвзаджы цавд сæрибар у, кæцыфæнды уæнгыл дæр вæййы. Сомихаг æмæ францаг æвзаджы фæхауы æфстаг уæнгыл, финнаг æвзаджы — фыццаг уæнгыл, ироны — фыццаг кæнæ дыккаг уæнгыл.

Иумæйаг цавд кæуыл хауы, ахæм дзырдты къорд хуыйны акцентуалон комплекс (æд_ку́сæн_дзаума, ни́чи_дзуры æмæ афтæ дарддæр).

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Джусойты К.Г., Дзодзыккаты З.Б., Цопанты Р.Г. Нырыккон ирон æвзаг. Ахуыргæнæн чиныг уæлдæр скъолаты студенттæн. 2005.