Фиголи, Эрнесто
| ||||||||||||||||||||||||||||
Иумæйаг информаци | ||||||||||||||||||||||||||||
Фæсномыг | Matucho | |||||||||||||||||||||||||||
Райгуырдис |
1888-æм азы 21 августы Монтевидео, Уругвай |
|||||||||||||||||||||||||||
Амардис |
1951-æм азы 26 июлы (62 азы) Монтевидео Уругвай |
|||||||||||||||||||||||||||
Æмбæстонад | Уругвай | |||||||||||||||||||||||||||
Позици | размæбырсæг | |||||||||||||||||||||||||||
|
||||||||||||||||||||||||||||
Викикъæбицы медиа |
Эрне́сто Фи́голи (исп. Ernesto Fígoli; райгуырдис 1888-æм азы 21 августы — амардис 1951-æм азы 26 июлы[1]) — уругвайаг тренер, массажист (физиотерапевт). Уругвайы иугонд командæйы цыппар уæлахизтæм исты бар чи дардта, иунæг ахæм адæймаг (Олимпиаг хъæзтытæ 1924 æмæ 1928 азы, дунейы чемпионаттæ 1930 æмæ 1950 азы)[2]. 1924-æм азы уый разамынд лæвæрдта националон иугонд командæйæн, 1928-æм æмæ 1950-æм азы уыд тренер æмæ физиотерапевт, 1930-æм азы та уыд тренерты сконды, йæ хицау Альберто Суппичи, афтæмæй. Уый йеддæмæ Фиголи дыууæ хатты йæ командæ Хуссар Америкæйы чемпионатты уæлахизмæ æрбацæуын кодта.
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Эрнесто Фиголи райгуырдис Монтевидеойы сахары 1888-æм азы 21 августы. Скъола каст куы фæци, уæд йæхицæн равзæрста физиотерапевты дæсныйад. Футбол афтæ арæх нæ хъазыдис. Медиционон ахуырад куы райста, уæд кусын райдыдта Уругвайы иугонд командæйы тренерты штабы. Уæды рæстæг тренеры хæстæ æххæст кодта хъазджытæй иу, афтæ хуынд «хъазæг тренер» (уыдоны ’хсæн зындгонд футболисттæ Джон Харлей æмæ Хорхе Херман Пачеко). Уый тыххæй адæм дис кодтой, Фиголи 1920-æм азы командæйы сæйраг тренер куы сси, уæд.
Фæлæ Фиголийы фæрцы командæ рамбылдта Хуссар Америкæйы чемпионат чилиаг сахар Вальпараисойы æмæ уымæй фæстæмæ райста континенты тыхджындæр командæйы ном.
1924-æм азы Фиголи разамынд лæвæрдта Уругвайы иугонд командæйæн Олимпиаг хъæзтыты Францы.
1930-æм азтæй Фиголи куыста куыд командæйы физиотерапевта æмæ массажист.
Тренеры æнтыстытæ
[ивын | Бындур ивын]Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Gehringer, Max. A grande história dos mundiais. 1950, 1954, 1958(порт.). — e-galáxia, 2014.
- ↑ Juan Stringa Figoli (внук Эрнесто Фиголи). 1999-05-02