Америкæйы хъалац

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Америкæйы Хъалац (исп. Copa América) — Хуссар Америкæйы хæдбар бæстæты æмбырд къордты ’хсæн КОНМЕБОЛ-ы разамындæй арæзт футболы турнир.

Фыццаг хатт ерыс арæзт æрцыд 1910 азы, КОНМЕБОЛ бындурæвæрд куы нæма ’рцыд, уæд, æмæ уый тыххæй официалоныл нымад нæу. Турниры фыццаг ерысыл нымад у 1916 азы арæзт кæцы æрцыди, уый. Фæстæдæр турнир схуыдтой Хуссар Америкæйы национ къордты ’хсæн чемпионат (исп. Campeonato Sudamericano de Selecciones). Афтæмæй, Америкæйы Хъалац у нырыккон æхсæнадæмон футболы турниртæй æппæты рагондæр. Европæйы футболы турнирæй йыл 44 азы фылдæр цæуы. 1975-æм азы турнирыл æвæрд æрцыд йæ ныры ном.

Америкæйы Хъалац арæзт цæуы къорд азы иу хатт — уыцы азты бæрæг нымæц цалдæр хатты ивд æрцыд. 2001 азæй 2007 азмæ арæзт цыди æртæ азы иу хатт. 2007 азæй 2019 азмæ та цыппар азы иу хатт. Уыимæ ма 2016 азы арæзт æрцыд уæлæмхасæн Америкæйы Хъалац — турнирæн йæ 100 азы кадæн, кæцы фыццаг хатт арæзт æрцыд Хуссар Америкæйы фæсарæнты (АИШ-ы). 2020 азы хъуамæ турнирæн йæ арæзты æмгъуыд ивд æрцыдаид цæмæй Европæйы чемпионатимæ æмрæстæг уа. Фæлæ сæ дыууæ дæр аргъæвтой 2021 азмæ коронавирусæй тасы тыххæй.

Турниры хайад исынц æппæт 10 бæстæйы — КОНМЕБОЛ-ы уæнгтæ: Аргентинæ, Боливи, Бразили, Венесуэлæ, Колумби, Парагвай, Перу, Уругвай, Чили, Эквадор. 1993 азæй фæстæмæ ерысмæ æрхонынц ноджы дыууæ къорды æндæр конфедерацитæй — арæхдæр КОНКАКАФ-æй. Хуынд къордтæй тынгдæр фесгуыхт Мексикæ, дыууæ хатты турниры дыккаг бынат арцахсгæйæ.

Æппæты фылдæр хатт Америкæйы Хъалац (1916 азæй райдайгæ, фыццаг хатт куы рамбылдта) райста Уругвайы къорд. Æдæппæт та турниры фæуæлахиз 15 хатты. Аргентинæ у 14-хаттон уæлахиздзау, ныры уæлахиздзау та, Бразили — 9-хаттон.

Истори[ивын | Бындур ивын]

Уругвай 1917 — лæууынц Х. Пачеко, Х. Ванццино, К. Сапорити, Г. Родригес, М. Варела, А. Фольино; бадынц Х. Перес, Э. Скароне, А. Романо, К. Скароне, П. Сомма

Хуссар Америкæйы фыццаг æхсæнадæмон турнир (КОНМЕБОЛ-мæ нымад нæу) арæзт æрцыд Аргентинæйы 1910 азы[1], Майы революцийы 100 азы бæрæгбоны кадæн.

1916 азы, Аргентинæйы, бæстæйы хæдбарады 100 азы бæрæгбоны кадæн сарæзтой Аргентинæ, Бразили, Уругвай æмæ Чилийы къордты ’хсæн чемпионат. Чемпионаты цы цыппар ассоциацийы райстой хайад, уыдон бавæрдтой Хуссарамерикæйаг футболы конфедерацийæн (КОНМЕБОЛ) йæ бындур, цæмæй дарддæр турнирæн фæтк дæтта. 1916 азы цы турнир ацыд, кæд КОНМЕБОЛ-ы официалон æгъдаумæ гæсгæ конд не ’рцыд, уæддæр нымад у Хуссар Америкæйы футболы чемпионаты[2] (ныр Америкæйы Хъалацæй кæй зонæм) фыццаг мадзалыл.

Турнирæн йæ фыццаг хъазт ацыд 1916 азы 2 июлы Буэнос-Айресы. Уыцы быцæуы Уругвай Чилийы амбылдта 4:0 хыгъдæй, фыццаг гол бакъуырдта Хосе Пьендибене «Пеньяроль»-æй. Турнирæн йæ скъуыддзаггæнæг хъазты фембæлдысты Аргентинæйы æмæ Уругвайы къордтæ. «Химнасия»-йы клубы стадион дзаг уыд, 18 000 адæймаджы æрымбырд сты хъазт фенынмæ. Фæлæ 6 минуты дæр куы нæма рацыд хъазтæн йæ райдианæй, афтæ урæд æрцыд, хъазт фенынмæ æрцæуæг адæмы ’хсæн хыл кæй рауад, хъазæн фæзмæ бырсын кæй райдыдтой æмæ трибунæтыл зынг кæй сирвæзт, уый тыххæй. Дыккаг бон хъазт дарддæр ахæццæ «Расинг»-ы клубы стадионыл Авельянедæйы. Уыцы хатт Чили æмæ Уругвай хæрæгсаст фесты, æмæ Уругвай сси турнирæн йæ фыццаг чемпион[3].

Æддаг æрмæг[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Martín Tabeira. Copa Centenario Revolución de Mayo 1910(англ.). Rec.Sport.Soccer Statistics Foundation. Датæ: 2020-æм азы 13 майы.
  2. La Historia(исп.). КОНМЕБОЛ. Датæ: 2020-æм азы 13 майы.
  3. Martín Tabeira. Southamerican Championship 1916(англ.). Rec.Sport.Soccer Statistics Foundation. Датæ: 2020-æм азы 13 майы.