Фаррохзад, Форуг

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Форуг Фаррохзад
Райгуырды датæ 1935-æм азы 5 январы(1935-01-05)[1]
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1967-æм азы 13 февралы(1967-02-13)[2] (32 азы)
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз поэтессæ, актрисæ, кинорежиссёр
Уацмысты æвзаг персайнаг[1]
fafnd.org/en(англ.)(фарси)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Форуг Фаррохзад (1935-æм азы 5 январы, Тæхран1967-æм азы 14 февралы) — ирайнаг поэтессæ æмæ кинорежиссёр. Райгуырдис булкъон Мохаммад Багер Фаррохзады бинонты. Скъолайы ахуыр кодта 9-æм къласмæ, уый фæстæ ахуыр кодта нывкæнынад æмæ нывæфтыд хуыд кæнын æрмгуысты скъолайы. 17-аздзыдæй моймæ ацыди зындгонд сатирик Парвиз Шапурмæ. Бинойнагимæ æрцардысты Ахвазы. Иу аз фæстæ райгуырдис йæ иунæг фырт Камьяр.

1954-æм азы йæ лæгæй ахицæн ис æмæ сыздæхти Тæхранмæ. 1955-æм азы рауагъта йæ фыццаг поэтикон æмбырдгонд.

Фаррохзады сфæлдыстад æмæ царды хабæрттæ арæх сайдтой ныхмæвæрд аргълæвæрдтæ — Ираны толахъхъ уайдзæфаг у, стæй уыимæ фыссæг æргомæй уыди сылгоймæгты бартæ фæфылдæры фарс. 1958-æм азы цалдæр мæйы фæци Европæйы, уым базонгæ ис кинопродюссер Эбрахим Голестанимæ. 1962-æм азы Фаррохзад систа киноныв Тебризы сылгоймæгты лепрозорийы тыххæй. Фæстæдæр райста хъомыл кæнынæн иу хъотырджын сылгоймаджы лæппуйы.

Форуг Фаррохзад фæмарди автомобилон бæллæхы.

Йе ’фсымæр, зарæггæнæг æмæ политикон активист Ферейдун Фаррохзад амардæуыд Бонны 1992-æм азы.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. 1,0 1,1 Bibliothèque nationale de France идентификатор BNF (фр.): гом бæрæггæнæнты платформæ — 2011.
  2. Deutsche Nationalbibliothek Record #121048608 // Иумæйаг нормативон контроль (GND) (нем.) — 2012—2016.