Урубамбæ (цæугæдон)
Внешний вид
Урубамбæ | |
---|---|
исп. Urubamba | |
Урубамбæ | |
Гуырæн | Андтæ |
Бассейн | Укаяли, Амазонкæ |
Дæргъ | 725 км |
Урубамбæ (исп. Urubamba) — цæугæдон Перуйы астæуккаг хайы. Йæ дæргъ 725 км. Райдианы хуыйны Вильканотæ, гуыры та Астæуккаг Андыты донхатæн массивы. Йæ дæргъы бæрц йæ мидис нæ ивы æмæ у хæххон цæугæдон, донкъæсæртæ æмæ æхсæрдзæнтимæ. Кæлы арф кæмтты, кæдон дих кæнынц Вилькабамбæйы æмæ Вильканотæйы рæгътæ. Цæугæдон Апуримакимæ баиу уæвгæйæ иумæ раттынц ног цæугæдон Укаяли (Амазонкæйы бассæйнæй). Ивылд вæййы декабыр-февралы. Урубамбæйы рæгъты сæр лæууынц рагон сахар Мачу-Пикчуйы хæлддзæгтæ.