Перейти к содержанию

Уртаты Аланкæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Уртаты Аланкæ

Уртаты Аланкæ (уырыс. Аланка Уртати; æцæг ном у Татьянæ Андреева) у уырыссаг фыссæг, журналист æмæ æхсæнадон архайæг, Уæрæсейы фысджыты цæдисы уæнг. Уый райгуырдис Беслæны уырыссаг фыд æмæ ирон мады бинонтæм[1], йæ сфæлдыстадон фæсномыгæн райста йæ мады мыггаг.

Йæ уацмыстæ фыссы уырыссаг æвзагыл, мыхуырæй цæуынц 1985-æм азæй. Куыста УСФСР-йы Госкомиздаты, ахуыр кодта Мæскуыйы университеты аспирантурæйы. Йæ фыццаг уацмыстæ рухс федтой журнал «Литературная учёба»-йы, фæстæдæр та ногæй иуæй-иу литературон журналты, уыдоны ’хсæн «Дарьялы» дæр[2].

1990-æм азты Аланкæ уыдис газет «Стыр Ныхас»-ы фыццаг автортæй иу[3]. Аланкæ хæцы иугонд Ирыстоны идейæйыл, фæнды йæ цæмæй Хуссар Ирыстон уа Цæгат Ирыстонимæ иу республикæйы мидæг.

Уртаты Аланкæйы уацмыстæ номинацигонд цыдысты Хетæгкаты Къостайы номыл преми[4] æмæ иннæ премитæм.

Чингуытæ

[ивын | Бындур ивын]
  • 2001 — «Кавказ, мой Кавказ!», Избранное. Издательство «Олимп», Владикавказ, твердый переплет, ISBN: 5-87860-031-0, тираж 2000 экз., 272 с.
  • 2011 — «Забыть Кавказ?». Повести, рассказы, новеллы. Москва, твердый переплет, ISBN:978-5-9903036-1-4, Авторское издание. тираж 1000 экз., 328 стр.
  • 2011 — «Дорога домой»: сборник рассказов северокавказских писателей», изд. СЭИП, Москва, ISBN: 978-5-8438-9313-3, т.4., 419-480 стр.
  • 2015 — «Кавказские новеллы», ЧР, Карловы Вары, Skleneny mustek s.r.o., твердый переплет, ISBN: 978-80-87940-66-2, 245 стр.[5]

Æддаг æрмæг

[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]