Уалыты Лаврент
Внешний вид
Уалыты Елиозы фырт Лаврент (райгуырдис 1938-æм азы Хуссар Ирыстоны Уалытыхъæуы) у ирон поэт, чиныгуадзæн «Ир»-ы редактор.
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Уалыты Лаврент райгуырди Уалытыхъæуы. Бакасти Громы астæуккаг скъолайы. Æртæ азы фæцис æфсады, стæй бацыди Цæгат Ирыстоны Къостайы номыл педагогон институтмæ æмæ райста ахуыргæнæджы дæсныйад. Куыста Олгинскæйы астæуккаг скъолайы, газет «Рæстдзинад»-ы редакцийы, Цæгат Ирыстоны радиойы.
Ныртæккæ кусы чиныгуадзæн «Ир»-ы редакторæй.
Джиппы рауагъта къорд поэтикон чиныджы. Сæ зынгæдæртæ: «Зæрдæйы уадындз» (Орджоникидзе, 1983), «Артдзæст» (Дзæуджыхъæу, 1994), «Мæ дуне» (Дзæуджыхъæу, 1999), «Дуджыгакк» (Дзæуджыхъæу, 2007).[1]
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Ирыстоны поэзи // Чиныг сарæзта æмæ цыбыр биографион зонæнтæ ныффыста Хъодзаты Æхсар. Дзæуджыхъæу, Издательство «Веста», 2012