Тыджыты Юри
Внешний вид
Тыджыты Арсакъойы фырт Юри (райгуырдис 1934-æм азы Ногиры — амардис 2002-æм азы) у ирон поэт.
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Тыджыты Юри райгуырди Ногиры зæхкусæджы хæдзары. Каст фæци астæуккаг скъола æмæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты филологион факультет. Куыста ахуыргæнæгæй, районы газеты, республикæйы культурæйы министрады, газет «Рæстдзинад»-ы.
Фыста æмдзæвгæтæ, радзырдтæ, уацаутæ. Рауагъта иу дæс чиныджы бæрц. Йæ поэтикон æмбырдгæндты зынгæдæртæ сты «Терчы уылæнтæ» (Орджоникидзе, 1964), «Айнæг» (Орджоникидзе, 1968), «Азæлд» (Орджоникидзе, 1972), «Цæргæсы базыртæ» (Орджоникидзе, 1977).[1]
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Ирыстоны поэзи // Чиныг сарæзта æмæ цыбыр биографион зонæнтæ ныффыста Хъодзаты Æхсар. Дзæуджыхъæу, Издательство «Веста», 2012