Триалеты ирæттæ
Внешний вид
(Триалеты Ирыстон-æй æрвыст)
Триалеты ирæттæ сты Гуырдзыстоны Триалеты (Гурæй хуссарырдæм) цæрæг ирæттæ.
Хуссар Ирыстоны ревком 1921-æм азы сидтис, цæмæй уыцы зæххытæ ирон автономимæ бацæуой, фæлæ уыцы проект нæ фæрæстмæ.
Ныртæккæ Триалеты Ирыстоны хъæутæ федзæрæг сты, сæ ирон цæрджытæй фылдæр хай ралыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ 1990-æм азты райдианы (уыимæ Сомихы ууылты дæр). Æдæппæт ирон царджыты нымæц уыдис 38 минæй фылдæр[1].
Ныры Гуырдзыстоны, Триалеты рагъы цæгатæрдæм хъæуты цæрынц 13383 ироны (2002-æм азы сфыстмæ гæсгæ), уыимæ Гуры районы — 6405, Карелы районы — 2755, Хашуры районы — 744, Къаспы районы — 3479 адæймаджы. Хуссар фахсы хъæуты баззадис æрмæстдæр 942 ироны, уыимæ Боржомы районы — 719 адæймаджы[2].
Кæс ноджы
[ивын | Бындур ивын]Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ REGNUM: Осетины Грузии: Мифы и реальность (уырыс.)
- ↑ Гуырдзыстоны этникон сконд 2002-æм азы сфыстмæ гæсгæ (англ.)