Толбоев, Магомед Омары фырт
Магомед Омары фырт Толбоев | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1951-æм азы 20 январы (73 азы) |
Райгуырæны бынат | |
Бæстæ | |
Архайды хуыз | политик, тæхæг-фæлварæг, космонавт, Паддзахадон Думæйы депутат |
Хорзæхтæ æмæ премитæ | |
Викикъæбицы медиа |
Толбоев Омары фырт Магомед (райгуырд 1951-æм азы 20 январы Согратлы хъæуы, Дагъистаны АССР) — тæхæг-фæлварæг, Уæрæсейы Федерацийы Хъæбатыр, Республикæ Дагъистаны Æдасдзинады уынаффæдоны раздæры сæрдар.
Толбоев Магомед райгуырдис Дагъистаны Гунибы районы хъæу Согратлы солиаг бинонты ’хсæн. Йæ фыд Магомеды фырт Омар куыста шофырæй, йæ мад Алийы чызг Джамгарат та — хуымæтæг колхозон.
1973-æм азы Толбоев каст фæци Ейсчы уæлдæр хæстон авиацион училище, уыцы азæй фæстæмæ службæ кодта Советон Цæдисы хæстон-уæлдæфон тыхты. 1977-æм азы æрвыст æрцыд тæхæг-фæлварæджы куыстмæ, уый тыххæй æфсадæй уæгъд æрцыд.
1984-æм азы каст фæци Мæскуыйы авиацион институт (МАИ). У техникон æмæ историон зонæдты кандидат.
1984-æм азæй куыста куыд космонавт-фæлварæг, космосон нау «Буран»-ы командир.
Ныртæккæ Толбоев у запасы булкъон. Кæны æхсæнадон-политикон куыст. Ис ын æртæ сывæллоны.
Æддаг æрмæг
[ивын | Бындур ивын]- Толбоевы биографи (уырыс.)
- Толбоев куыд космонавт: astronaut.ru (уырыс.)
- Толбоев куыд Паддзахадон думæйы депутат (уырыс.)