Тлатты Хох

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Тлатты Хох
Райгуырды датæ 17 (29) октябры 1880
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1932-æм азы 13 июлы(1932-07-13) (51 азы)
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз фыссæг
Уацмысты æвзаг ирон

Тлатты Данелы фырт Елмæрза, йæ литературон фæсномыг — Хох (райгуырдис 1880-æм азы 17 октябры Æрыдоны — амардис 1932-æм азы 13 июлы) у ирон фыссæг.

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Хох райгуырдис 1880-æм азы Æрыдоны хъæуы. Йæ фыд кодта зæххы куыст. Хох каст фæци Æрыдоны райдайæн скъола æмæ 1895 азы ахуыр кæнынмæ бацыд Æрыдоны дины семинармæ. Ам бауарзта аивадон литературæ, каст уырыссаг æмæ фæсарæйнаг фысджыты уацмыстæ. 1904-æм азы йæ каст фæци æмæ ахуыргæнæгæй кусын райдыдта Зæронд Бæтæхъойыхъæуы. Ралæууыд фыццаг уырыссаг революцийы дуг.

1906-æм азы Тлатты-фырт сси Дерпты университеты юридикон факультеты студент. Уыцы азты университеты ахуыр кодта зынгæ ирон поэт-революционер Гæдиаты Цомахъ дæр. 1910-æм азы тыхтæ-амæлттæй каст фæци университет. Лæппу æрыгонæй фæцалх революцион куыстыл. Уыцы хъуыддаджы йын æнувыд æмбал æмæ разæнгардгæнæг уыди Цомахъ. Цомахъ ахст æрцыди 1908 азы, 1910 азы та йæ Сыбырмæ ахастой.

Тлатты Хох æрыздæхтис Ирыстонмæ, фæлæ уый дæр уайтагъд æрцахстой. Дзæуджыхъæуæй Æрыдонмæ цыдис, афтæмæй йæм ссардтой сæрибармæ сидæг гæххæттытæ. Ахастой йæ Сыбырмæ. Семипалатинсчы къорд азы фæкуыста æвдакатæй. Уыцы рæстæг Коцойты Арсен журнал «Æфсир»-ы ныммыхуыр кодта йæ новеллæ «Кæмæ æнхъæлмæ касти Нæртон Рæсугъд», афæдзы фæстæ та Дзæуджыхъæуы хицæн чиныгæй рухс федта йæ радзырд-утопи «Фын».

1918 азы урсгвардионтæ сахар куы бацахстой, уæд Хохы æрцахстой æмæ йæ фараст мæйы фæдардтой ахæстоны. Ардасенты Хадзыбатыр æмæ Хæдарцаты Азæ куыд фыссынц, афтæмæй уыцы рæстæджы æрцыд æнамонд хабар: Хохы фатер басыгъд æд чингуытæ, æд къухфыстытæ. Уыйадыл йæ уацмыстæй уæды онг мыхуыры чи нæ рацыд, уыдон фесæфтысты.

Амарди 13 июлы 1932 азы рæуджыты низæй.

Уацмыстæ[ивын | Бындур ивын]

Тлатты Хохы уацмыстæн сæ сæйрагдæр у публицистон радзырд «Фын». Хъыгагæн фыссæджы бирæ куыстытæ фесафтысты, 1918 азы йæ фатерыл арт куы схæцыд, уæд, уыдонимæ Александр Дюмайы роман «Æртæ мушкетёры» тæлмац дæр.