Перейти к содержанию

Тедеты Астамур

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Тедеты Анатолийы фырт Астамур (райгуырдис Цхинвалы 1978-æм азы 13 январы) у юридикон зонæдты доктор, Паддзахадон университет Экономикæйы уæлдæр скъолайы цур ЮНЕСКО-йы кафедрæйы сæргълæууæджы хæдивæг.

1999-æм азы æнтыстджынæй каст фæцис Академион барадон университеты юридикон факультет. Дыккаг курсæй куыста газеты, уыдис Краснодары крайы æхсæнадон-политикон газет «Анапа»-йы журналист æмæ юрисконсульт. 1997-99 азты сарæзта йæхи газет æмæ йын разамынд лæвæрдта. 2002-æм азæй у журнал «Российский налоговый курьер»-ы зонадон редактор.

Тедеты Астамур у 11 чиныджы æмæ 20 статяйæ фылдæры автор, фыста информацион æмæ финансон барадыл, электрон коммерцийы уаг дæттыныл, электрон банчы фиддонтыл.

Æддаг æрмæг

[ивын | Бындур ивын]