Татаев, Ваха Ахмеды фырт
Ваха Ахмеды фырт Татаев | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1914-æм азы 15 декабры |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1977-æм азы 13 августы (62 азы) |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Хорзæхтæ æмæ премитæ |
Ваха Ахмеды фырт Татаев (райгуырдис 1914-æм азы 15 декабры Зæронд Юрты хъæуы Цæцæны (Терчы облæст) — амардис 1977-æм азы 13 августы Грознайы, Цæцæн-Мæхъхъæлы АССР-йы, УСФСР, ССРЦ) уыд Цæцæн-Мæхъхъæлы АССР-йы адæмон артист (1959), Цæцæн-Мæхъхъæлы АССР-йы Уæлдæр советы депутат (1958), Цæцæн-Мæхъхъæлы АССР-йы культурæйы министр (1958—1976).
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Ваха Татаев райгуырдис 1914-æм азы 15 декабры Цæцæны, ныртæккæ Толстой-Юрт цы хуыйны, уыцы хъæуы. 1929-æм азы бацыдис Грознайы рабфакмæ, уым дæр аивадон хæдархайды хайад иста. 1931-æм азы Ваха Татаевы снысан кодтой Горячеводскы клубы хицауæй, фæстæдæр та — Грознайы Челюскинæгты кинотеатры сæргъы слæууыд. 1938-æм азы онг «СевКавКино»-йы сæргълæууæджы хæдивæджы хæстæ æххæст кодта.
1938-æм азы Цæцæн-Мæхъхъæлы паддзахадон драмон театры артист æмæ директор сси. Сценæйыл хъазыдис бирæ рольтæ: Олеко Дундичы (Кац æмæ Ржевскийы спектаклы), Сурхойы («Сурхо, Адийы фырт»), капитан Ибрагимовы (Идрис Базоркины «Тамара»), Отелло (Уильям Шекспиры «Отелло»), инæлар Завьяловы (Афиногеновы «Накануне») æмæ æндæрты.
ГИТИС-ы цæцæн-мæхъхъæлон актёрты студийы сарæзыныл бирæ бакуыста. 1939—1941 азты уыцы студийы ахуыр кодта йæхæдæг, уыд хуыздæр студенттæй иу, иста Островскийы номыл стипенди.
Йæ ахуыр каст фæуын йæ бон нæ баци, райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Хæст куы райдыдта, уæд раздæхтис йæ театрмæ æмæ йæ куыс адарддæр кодта куыд артист æмæ директор. Уыцы-иу аз партийы уæнг сси. 1942-æм азы Татаевы снысан кодтой аивады хъуыддæгты фæдыл Управленийы хицауæй, фæлæ актёры куыст дæр кодта.
Хæсты рæстæг Татаев арæзта артистты бригадæтæ, цæмæй фронты æмæ госпитальты салдаттæн æххуыс уой сæ дæсныйадæй. Йæхæдæг дæр уыцы бригадæтимæ цыдис фронтмæ. Уыцы куысты фæдыл райста хæрзиуджытæ æмæ бузныджы грамотæтæ.
1944-æм азы 23 февралы райдыдта цæцæн æмæ мæхъхъæлы депортаци Астæуккаг Азимæ. Арвысты дæр Ваха Татаев йæ куыст нæ ныууагъта, 1944-æм азæй уыд Джамбулы облæсты театрæн йæ директоры хæдивæг, кинотеатр «Октябры» директор. 1945-51 азты куыста Алма-Атайы, Хъазахаг паддзахадон оперæ æмæ балеты академион театры директоры хæдивæгæй, стæй та филармонийы директоры хæдивæгæй.
Депортацийæ раздæхтис 1957-æм азы æмæ уæйтагъд сси культурæ æмæ аивады хъуыддæгты тыххæй управленийы хицау Цæцæн-Мæхъхъæлы республикæйы рацæрæзты комитеты мидæг. 1958-æм азы снысан æй кодтой Цæцæн-Мæхъхъæлы культурæйы министрæй. Ссæдз азы дæргъы уыцы бынаты куыста æнтыстджынæй.
1976-æм азы ацыдис пенсимæ, иу афæдз нæма фæцис, афтæмæй амардис 1977-æм азы 13 августы.
Мысæн
[ивын | Бындур ивын]- 2014-æм азæй Грознайы культурæ æмæ аивæдты лицей хæссы Ваха Татаевы ном[1].
- 2017-æм азы Грознайы цы хæдзары цардис, уый къулыл байгом кодтой мысæн фæйнæг[2].
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Роза Цакаева. Колледжу культуры и искусств присвоено имя Вахи Татаева . vesti95.ru. Вести республики. Датæ: 2015-æм азы 18 мартъийы.
- ↑ В память о министре культуры Чечено-Ингушской АССР Вахе Ахмедовиче Татаеве(æнæбаххæсгæ æрвитæн). chgkkii.ru. ГБУ ПО «Чеченский государственный колледж культуры и искусств им. В.А Татаева». Датæ: 2018-æм азы 5 октябры. Архив 2018-æм азы 6 октябры.
Литературæ
[ивын | Бындур ивын]- Гапаев Абдула. Ваха Ахмедович Татаев // Вайнах : журнал. — 2005. — № 2. — С. 45—46.
- Сулумова Дэти. Больше полувека — в сфере культуры! // Вести республики : газета. — 2013. — № 131(2064). — С. 3.
- Хамидов А. Искусствехь 25 шо (25 лет в искусстве) (чеченский) // Къинхьегаман байракх (Знамя труда) : газета. — 1955. — № 21. — С. 1.
- Муса Гешаев. Знаменитые чеченцы. — М.: Мусаиздат, 2005. — Т. 2. — С. 336—355. — 688 с. — 2000 экз.
Æддаг æрмæг
[ивын | Бындур ивын]- Ваха Татаев
- Большой министр маленькой республики Архивгонд æрцыдис 24 сентябры 2015 азы.
- Больше полувека — в сфере культуры!