Гæнал
Внешний вид
Хъæу | |
Гæнал | |
---|---|
42°51′24″ с. ш. 44°31′51″ в. д.HGЯO | |
Паддзахад | Уæрæсе |
Федерацийы субъект | Цæгат Ирыстон |
Муниципалон район | Горæтгæрон район |
Истори æмæ географи | |
Раздæры нæмттæ | Авд Гæналы[1] |
Сахатон таг | UTC+3:00 |
Цæрджытæ | |
Цæрджытæ | 0 адæймаджы |
|
Гæнал уыдис хъæу Цæгат Ирыстоны Горæтгæрон районы. Цардысты дзы Цомартатæ, Чеджемтæ, Хæблиатæ, Бзартæ, Болитæ.[2]
Истори
[ивын | Бындур ивын]Хъолхъайы цъити фыццаг хатт нæ ракалд æмæ нæ бавзарын кодта фыдбылызтæ Гæналгомы цæрджытæн. 1833-æм азы сусæны мæйы Гæналы аст хъæуæй авд бабын кодта, æстæм хъæу ма уæлæуæз фахсы æнæхъæнæй баззад. Уыцы фыдбылызы цау æмбисондæн хастой ирон адæм, авд Гæналы — гæныстон, æстæм Гæнал — зæрæстон, зæгъгæ. Æстæм Гæналы цæрджытæ ног фыдбылызæй тæрсгæйæ æдасдæр бынаты æрцардысты, æмæ сæ зæронд хъæууат æдзæрæгæй зæрæстон ысси.[3]
1914-æм азы Гæналы цардысты 49 адæймаджы.[4]
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Цагъаты Анастасия. Цæгат Ирыстоны топоними. II-æм хай. Дзæуджыхъæу, 1975
- ↑ Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005, 247 ф.
- ↑ Айларты Измаил. Хуыцауы рæстад: Публицистикæ — Дзæуджыхъæу: Ир, 2011 — 287 ф.
- ↑ Список населённых мест Терской области (по данным к 1 июля 1914 года). Издание Терского Областного Статистического Комитета — Владикавказ, 1915