Перейти к содержанию

Тæрхон:Зестафони

Содержимое страницы недоступно на других языках.
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

«Кубок»-ы бæсты хуыздæр уаид фыссын «хъалац». Газет «Владикавказ»-ы цы ирон фарс вæййы, «Сахайраг», зæгъгæ, уымæн йæ редактор у зындгонд филолог Гуыриаты Тамерлан. Æмæ уый дæр уыцы фарсы уацты пайда кæны «хъалац»-æй. Рæсугъд дзырд у, стæй æнæуый ирон текстты дæр æмбæлы. Дæнцæгæн æрхæсдзынæн:

а) Хистæртæн зæрдæбын арфæтæ фæкодта, æмæ, уæдæй нырмæ йæ комыдæттæ кæмæ уадысты, уыцы бæгæныйы хъалац лæугæйæ йæ тæккæ бынтæй ныссæрфта. – Сердечно поблагодарил он старейшин и стоя опрокинул ту самую чашу с пивом, которую он все это время так алкал. (Хъайтыхъты А., Ермолы дур)

б) Уый фæстæ Бесс æндæр хъалац райста æмæ йæ уыциу нызт акодта. – После этого Бесс взял другой кубок и залпом осушил его. («Мах дуг», 1992, №7) --Dziglo 06:43, 10 октябры 2009 (UTC)[ответить]

Футболон ?кубокты тыххæй дæр фыссынц „хъалац“? Amikeco 09:58, 10 октябры 2009 (UTC)[ответить]
О, Гуыриаты Тамерлан «Сахайраг»-ы фыста спортивон хъалацы тыххæй. Суанг æй уацы номмæ дæр рахаста. --Dziglo 11:04, 10 октябры 2009 (UTC)[ответить]