Гуыриаты Тамерлан
Внешний вид
Гуыриаты Тамерлан | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1929-æм азы 3 январы |
Райгуырæны бынат | Уæллагхъæу, Мæздæджы район |
Мæлæты датæ | 2016 |
Бæстæ | |
Ахуырадон къæпхæн | филологон зонæдты доктор[d] |
Хорзæхтæ æмæ премитæ |
Гуыриаты Алыксандры фырт Тамерлан (1929 — 2016) уыдис филологон зонӕдты доктор, профессор, Уæрæсейы зонӕдты сгуыхт архайæг.
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Гуыриаты Алыксандры фырт Тамерлан райгуырдис 1929-æм азы 3 январы Мæздæджы районы.[1]
1949-æм азы иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæци Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты фæсарæйнаг æвзæгты факультет æмæ кусын райдыдта англисаг æвзаджы ахуыргæнæгæй.
Бирæ азты дæргъы уыди Советон Цæдисы Сабырдзинад хъахъхъæныны комитеты Цæгат Ирыстоны хайады разамонæджы хæдивæг, уыд æхсæнад «Советон Цæдис-Инди»-йы вице-президент.[2]