Суворов, Александр Василийы фырт
Александр Василийы фырт Суворов | |
---|---|
уырыс. Александр Суворов | |
Райгуырды датæ | 13 (24) ноябры 1730[1] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 6 (18) майы 1800[1][2] (69 азы) кæнæ 1800-æм азы 18 майы[3] (69 азы) |
Мæлæты бынат | |
Æфсæдты хуыз | Уæрæсейы императорон æфсад[d], фистæгæфсад[d] æмæ кавалери[d] |
Æфсæддон куысты азтæ | 1748—1800 |
Хуындад | генералиссимус |
Хорзæхтæ æмæ премитæ | |
Къухæрфыст | |
Викикъæбицы медиа |
Александр Василийы фырт Суворов (уырыс. Александр Васильевич Суворов) райгуырдис 1729-æм азы Мæскуыйы æфсæддоны хæдзары. Йæ фыд Василий Иваны фырт Суворов инæлар æмæ сенатор — уыдис ахуыргонд адæймаг, фыццаг æфсæддон дзырдуаты автор, Пётр I та йæ номæвæрæг уыдис.
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Александры мад Авдотья Манукова, куыд дзырдтой, уымæ гæсгæ уыдис, чи суырыссаг, ахæм сомихаг мыггагæй.
Мыггаджы равзæрды тыххæй таурæгъмæ гæсгæ, Суворовтæ рацыдысты шведаг уæздан мыггагæй. Суворов йæхæдæг йæ автобиографийы куыд фыста, афтæмæй сæ фыдæл Сувор Уæрæсемæ ’рбафтыдис 1622-æм азы æмæ ам цæргæйæ баззад.
Суворовыл ном Александр сæвæрдтой Александр Невскийы кадæн. Рæзыдис хъæуы. Уыдис лæмæгъ, арæх кодта рынчынтæ. Йæ фыд æй цæттæ кодта граждайнаг службæмæ. Фæлæ гыццылæй фæстæмæ лæппуйы зæрдæ æхсайдта æфсæддон хъуыддагмæ, йæ фыдæн хъæздыг библиотекæ уыдис, æмæ сæ пайда кодта, ахуыр кодта артиллери, фортификаци, æфсæддон истори. Æфсæддон уæвын сфæнд кæнгæйæ, райдыдта йæхи фæлтæрын. Йæ хъысмæтыл тынг фæзындис инæлар Ганнибалы æндæвдад, уый уыдис Суворовы бинонты хæлар. Уый загъта Василийæн, цæмæй йæ фыртæн равзара æфсæддон карьерæ.
1742-æм азы æртындæсаздзыд Александр Суворовы райстой мушкетёрæй Семёновы полчъы лейб-гвардимæ. Уыцы полчъы райдыдта йе ’цæг æфсæддон службæ 1748-æм азы. Баслужбæ дзы кодта æхсæз азæй фылдæр. Куыста йæхиуыл, цыдис ахуыртæм Сурзæххон шляхтæйон кадетон корпусмæ (уырыс. Сухопутный шляхетский кадетский корпус), сахуыр кодта цалдæр фæсарæйнаг æвзаджы. 1754-æм азы райста афицеры фыццаг чин — поручик — æмæ йæ снысан кодтой Ингерманладийы фистæгæфсæддон полкъмæ (Ингерманладский пехотный полк). 1756–1758 азты службæ кодта Æфсæддон коллегийы. Уый фæстæ йæ раивтой хæцæг æфсадмæ æмæ йæ снысан кодтой Мемелы комендантæй.
1759-æм азы 14 (25) июлы Суворов бацыдис фыццаг тохы, драгунты эскадронимæ бабырста немыцаг драгунтæм æмæ сæ лидзæг фæкодта. Рæхджы йæ снысан кодтой дивизийы командир В.В. Ферморы цур радгæс афицерæй. 1759-æм азы августы архайдта Кунесдорфы бынмæ хæстæмбæлды. 1760-æм азы Суворовы снысан кодтой Уæрæсейы æфсадæн командæгæнæг инæлар Ферморы цур радгæс инæларæй æмæ, уыцы бынаты уæвгæйæ, йе ’фсæддонтимæ архайдта Берлин байсыныл тохы.
1761-æм азы А.В. Суворов командæ кодта драгунты, гусарты æмæ хъазахъæгты хицæн къордтæн. Сæ нысан уыдис Бреславльмæ цæуæг уырысы æфсадæн фадæттæ аразын æмæ Пруссийы æфсæдтæм æнæрлæугæйæ бырсын. Пруссийы æфсæдты Польшæйы цалдæр хатты ныддæрæн кодта. Йæхи равдыста курдиатджын, æмæ æдæрсгæ партизанæй æмæ кавалеристæй. Уый фæстæ архайдта Ландсберджы, Бирштайны, хъæутæ Вейсентин, Наугарт, Келец æмæ æндæр сахартæ æмæ хъæутæ байсыныл хæстæмбæлдтыты.
1762-æм азы Суворовæн лæвæрд æрцыдис булкъоны чин. Снысан æй кодтой Астраханы фистæгæфсæддон полчъы командирæй. Полчъы хæс уыдис, Мæскуыйы Екатеринæ II императрицæйы бынаты æрбадыны бон Бетъырбухы æхсæнадон æгъдаумæ цæст дарын. Суворов Мæскуымæ куы ныххæццæ ис, уæд фембæлдис императрицæимæ, уый йын балæвар кодта йæ портрет. Фæстæдæр Суворов ныффысдзæн портретыл: «Ацы фыццаг фембæлд мын айгæрста фæндаг мæ кады номмæ...».
1763–1769-æм азты Суворов командæ кодта Суздалы фистæгæфсæддон полкъæн Ног Ладогæйы. Уым 1764–1765-æм азты сарæзта «Полковое учреждение», зæгъгæ, уыцы инструкци. Уым амынд цыдысты салдæтты хъомылады, мидслужбæйы æмæ æфсæдты хæстон цæттæдзинады сæйраг уагæвæрдтæ.
1768-æм азы сентябры А.В. Суворов уыдис бригадир (булкъон æмæ инæлары ’хсæн чингонд).
Аст мæйы фæстæ нысангонд æрцыдис Смоленсчы, Суздалы æмæ Дæллаг Новгороды мушкетерты полкътæй арæзт бригады командирæй æмæ йæ арвыстой Польшæйы хæсты архайынмæ. 30 бонмæ бригад ацыдис 850 версты. Хъæу Ореховойы цур Суворовы æфсæдтæ фæуæлахиз сты сæ ныхмæлæуджытыл. Уый уыдис 1769-æм азы сентябры.
1770-æм азы райдайæны А.В. Суворовæн радтой инæлар-майоры чин. Уыцы аз ма польшæйæгтыл фæуæлахиз цалдæр тохы. Уый тыххæй сентябры райста фыццаг хæрзиуæг — Сыгъдæг Аннæйы орден. Октябры йæ снысан, кодтой Люблины зылды уырысы æфсæдты командæгæнæгæй. Цæугæдон Вислæйы сæрты хизгæйæ, ахаудис æмæ йæ риу ныппырх кодта. Цалдæр мæйы йæхи дзæбæх кодта. 1771-æм азы майы Ландскронæмæ æввахс ныддæрæн кодта зындгонд францаг инæлар Ш. Дюмурьейы æфсæдты. Фæуæлахиз Замостьейы цур тохы дæр. Августы йын саккаг кодтой Уæрæсейы æппæты кадджындæр хæстон хæрзиуæг — Сыгъдæг Георгийы æртыккаг къæпхæны орден (цыппæрæм къæпхæны орден нæ райсгæйæ).
Польшæйы кампанийы æппæты стырдæр сгуыхтдзинад бафтыдис Суворовы къухы, 900 адæймаджы кæм уыдис, ахæм къордимæ 1771-æм азы гетмæн М. Огинскийы корпусыл (5 мин хæстоны) куы фæуæлахиз, уæд. Уырыссæгтæй фæхъуыдис 80 адæймаджы, польшæйæгтæй та — иу мин мæрдтæй, 700 та дзы бахаудысты уацары. Польшæйы фыццаг кампанийы Суворовы фæстаг сгуыхтдзинад уыдис Краковы фидар байсын. Уый бацахстой францаг дæлбулкъон Шуазийы æфсæдтæ. Æртæ мæйы бæрц фесты æрхъулайы, стæй радтой сæхи. Уыцы уæлахизы тыххæй Екатеринæ II Суворовæн радта 1000 сыгъзæрин сомы, 10 мин сомы та йын барвыста, Краковы фидар байсыныл тохы чи архайдта, уыдоныл сæ байуарыны тыххæй.
Суворовы арæхстджын архайды фæрцы рæхджы Уæрæсейы æфсад фæуæлахиз польшæйæгтыл, æмæ Польшæ фыццаг хатт æрцыдис дихгонд.
Инæлар Суворов æмбисонды сгуыхтдзинæдтæ равдыста туркæгтимæ хæсты дæр Балканты. Уырдæм ацыдис 1773-æм азы апрелы. 6 майы æрвыст æрцыдис фидар Туртукай хæстбæрæг (уырыс. разведка боем) акæнынмæ. 10 майы хъæддых фæлæууыдис туркæгты атакæты ныхмæ æмæ сфæнд кодта æвæстиатæй фидармæ æвиппайды бабырсын. Турчы æфсæдтæ уый æнхъæл нæ уыдысты уырыссæгтæй æмæ фæхæрд сты. Туртукай ист æрцыдис къаддæр тыхтæй æмæ чысыл зиантимæ. Суворов хæсты фæцис уæззау цæф. Æфсадхон æнæбафæрсгæйæ кæй архайдта, уый тыххæй йыл балæвæрдтой тæрхондонмæ. Æфсæддон коллеги йын рахаста марыны тæрхон, фæлæ йæ Екатеринæ дыккаг не сфидар кодта, ныффыста йыл: «Победителей не судят».
Уæрæсейы æфсæдты разамынд не спайда кодта Суворовы уæлахизæй, æмæ Турчы æфсæдтæ ногæй бацыдысты Туртукаймæ æмæ йæ райдыдтой фидар кæнын. 17 июны Суворов ногæй дыккаг хатт бабырста фидармæ æмæ та йæ байста, кæд се знæгтæ цыппар хатты фылдæр уыдысты, уæддæр. Уыцы уæлахизы тыххæй Суворовы схорзæхджын кодтой Сыгъдæг Георгийы дыккаг къæпхæны орденæй.
Уый фæстæ уыдысты сахартæ Гирсовойы æмæ Козлуджийы цур хæстæмбæлдтытæ. Уыдон дæр ахицæн сты Суворовы уæлахизæй.
1776-æм азы инæлар-поручик А.В. Суворовы снысан кодтой Бетъырбухы дивизийы командирæй. Уыцы азы дыккаг æмбисы Хъырымы ханады уавæр фæхуыздæр ис. Туркæгтæ сфæнд кодтой Хъырым ногæй сæхи бакæнын. Ноябры Александр Суворов æрвыст æрцыдис уырдæм æмæ цалдæр мæймæ хъуыддæгтæ банывыл кодта, æрдæгсакъадахыл цæрджыты æрсабыр кодта.
Уавæр куы фæхуыздæр ис æрдæгсакъадахыл, уæд Суворов райста отпуск æмæ рацыдис Полтавæмæ йæ бинонтæм. 1777-æм азы йæ снысан кодтой Кубаны корпусы командæгæнæгæй, йæ размæ æвæрд æрцыдис арæнтæ хъахъхъæныны хæс. Цыбыр рæстæгмæ бафидар кодта Уæрæсейы хуссайраг арæнтæ.
1778-æм азы Суворов ракодта хъырымаг сомихæгты æмæ сæ æрцæрын кодта Доны былгæрон Ростовы æмæ сахармæ хæстæг зæххытыл. Афтæ фæзындис сахар Нор-Нахичеван, ныры Ростов-Донылы Пролетарон район. Ростовы облæсты Мясниковсчы районы дæр цæрынц хъырымаг сомихæгтæ.
1778-æм азы инæлар-поручик Суворовы Прозоровскийы бæсты снысан кодтой уырысы æфсæдты командæгæнæгæй Хъырымы. Йæ сæйраг хæс уыдис æрдæгсакъадах туркæгты æрбабырстæй бахъахъхъæнын.
Полтавæ, Новороссийск, Астрахань, Хъазан, ногæй та Хъубан — уыдон уыдысты А.В. Суворовы дарддæры службæйы бынæттæ. Ногъайаг тæтæйрæгты Уæрæсемæ кæй æрбаиу кодта, уый тыххæй йæ схорзæхджын кодтой Сыгъзæрин Владимиры орденæй.
1784-æм азы Суворовы снысан кодтой Владимиры дивизийы командæгæнæгæй, 1785-æм азы йæ арвыстой Бетъырбухмæ. Уым дæр уыд дивизийы командæгæнæг. 1786-æм азы 22 сентябры Суворов сси инæлараншев (инæлар-булкъон). Уæд уыдис Кременчугы дивизийы командæгæнæг. Уыцы аз архайдта, Уæрæсейы императрицæ æмæ Австрийы император кæмæ кастысты, уыцы æфсæддон ахуырты.
1787–1792-æм азты 58-аздзыд Суворовы ногæй бахъуыдис Турчы æфсæдтимæ хæцыны сæр. Кинбурны фидары, цæугæдон Рымничы цур, Измаилы фидары хæстæмбæлдтыты фæуæлахиз сты Уæрæсейы æфсæдтæ. Рымничы цур уæлахизы тыххæй Екатеринæ II Суворовæн радта графы ном, йæ мыггагмæ æфтыд æрцыдис «Рымникаг» (Рымникский). Кинбурны фидар бахъахъхъæныны тыххæй та йæ схорзæхджын кодта Андрей Первозванныйы орденæй. Тохы быдыры дыууæ хатты фæцæф ис.
Измаил штурмæй райсыныл тохы Уæрæсейы æфсадæй фæмард ис 4 мин адæймаджы, 6 мины та цæфтæ фесты. Турчы æфсадæй уым фæмард ис 26 мин хæстоны, 9 мины та дзы бахаудысты уацары.
Цæугæдон Рымничы цур хæсты фæуæлахизы тыххæй ма Суворовы схорзæхджын кодтой Сыгъзæрин Георгийы 1 къæпхæны орденæй, Австрийы император та йын радта графы титул. Уыцы хæсты фæмард 20 мин туркаджы, цæдисон æфсæдтæй та 600 адæймаджы (400 австриаджы æмæ 200 уырыссаджы).
Инæлар Г.А. Потемкины амарды фæстæ 1792-æм азы Уæрæсейы æфсæдтæн хуссары командæгæнæгæй снысан кодтой А.В. Суворовы — Екатеринославы æмæ Таврийы облæстыты. Бахæс ын кодтой Уæрæсе æмæ Турчы ’хсæн арæн бафидар кæнын. Æмæ та уыцы хæс дæр сæххæст кодта.
Дыууæ азы фæстæ та йæ арвыстой Подолимæ Польшæйы дыккаг кампанимæ бацæттæ кæныны тыххæй. Ногæй та тохтæ, ногæй та уæлахизтæ. Хæст куы фæци, уæд Суворов императрицæ Екатеринæ II-мæ арвыста фыстæг, уыдис дзы æртæ ныхасы: «Ура! Варшава наша!» æмæ æртæ ныхасæй райста дзуапп «Ура! Фельдмаршал Суворов». Уый уыдис Уæрæсейы æфсады æппæты уæлдæр чин.
1795-æм азы Суворов нысангонд æрцыдис Уæрæсейы æппæт æфсæдты командæгæнæгæй Польшæйы, стæй та Брацлавы, Вознесенскы, Харьковы æмæ Екатеринославы губернæты цы 80-минон æфсад уыдис, уымæн, йæ штаб-фатер уыдис Тульчины. Уыцы рæстæг уый ныффыста чиныг «Наука побеждать» — У æфсæддон (хæстон) хъуыдыйы егъау æвдисæн.
Екатеринæ II куы амардис, уæд ын йæ бынат бацахста Павел I. Нæ бафидыдта пруссаг æфсæддон системæйы фарсхæцæг императоримæ Суворов. Уый салдæтты ахуыр кодта йæхирдыгонау. Дзырдта: «Русские прусских всегда бивали, что ж тут перенять?», «Пудра не порох, букля не пушка, коса не тесак, и я не немец, а природный русак». Смæсты йæм ис император æмæ йæ отставкæйы арвыста. Æрцардис Кобрины, йæ зæхмулкдоны (уырыс. имение), мæйы фæстæ йæ арвыстой Новгороды губернæйы хъæу Кончанскмæ цæрынмæ. Кобрины йемæ цы афицертæ уыдис, уыдоны æрцахстой.
Хъæуы цæргæйæ, Суворовы æнæниздзинад февзæрдæр, райдыдта æнкъард кæнын æмæ сфæнд кодта моладзандонмæ ацæуын. Ныффыста курдиат Павел I-мæ. Дзуапп нæ райста. 1798-æм азы 6 февралы Кончанскы хъæумæ æрцыдис флигель-адъютант Толбухин æмæ æрласта Суворовæн фыстæг императорæй: «Граф Александр Васильевич! Теперь нам не время рассчитываться. Виноватого Бог простит. Римский император требует вас в начальники своей армии и вручает вам судьбу Австрии и Италии...».
Европæйы бæстæты уавæр карздæр кодта. Наполеон сæ мæты баппæрста. Уыцы аз сентябры Суворовмæ æрцыдис йæ рагон зонгæ инæлар-майор Прево де Люмина. Уырдæм æй арвыста император Павел I, цæмæй, францæгты ныхмæ нырыккон уавæрты куыд хæцын хъæуы, уый тыххæй Суворовы хъуыды базона. Фельдмаршæл ын бацамыдта, Наполеоны ныббырсты стратегийæн дзуапп радтыны тыххæй фараст «хосы», фараст æгъдауы.
Уыцы аз Уæрæсе бацыдис Францы ныхмæ дыккаг коалицимæ (Англис, Австри, Турк, Неаполы къаролад). Арæзт æрцыдис Уæрæсейы æмæ Австрийы æфсæддонтæ иумæ кæм уыдысты, ахæм иугонд æфсад Цæгат Италимæ стæры ацæуыны тыххæй. Уый бацахстой Францы æфсæдтæ. Фыццаг иугонд æфсады сæргъы пълан кодтой эрцгерцог Иосифы сæвæрын, фæлæ Англисы домæнмæ гæсгæ Австри бахатыд Павел I-мæ, цæмæй æфсадæн командæгæнæгæй снысан кодтаид Суворовы. Хаст æфсадхон Венæмæ бахæццæ ис 14 мартьийы. Австрийы император Франц I Суворовæн радта йæ паддзахады фельдмаршæлы чин. 4 апрелы æфсады командæгæнæг æрхæццæ ис уырысы æфсæдтæм Веронæмæ, иннæ бон æфсадимæ бахæццæ ис Валеджомæ.
Суворовы æфсады уыдис 80 мин адæймаджы. Францæгтимæ сæ фыццаг хæстон фембæлд уыдис Италийы зæххыл 10 апрелы сахар-фидар Брешиайы (уыцы тохы фесгуыхтис инæлар-майор, къниаз Багратион). 15 апрелы байстой сахар Лекко. 16 апрелы райдыдта тохты сæйрагдæр цæугæдон Аддæйы былгæрон. Уæрæсейы æфсæдтæ бахызтысты доны иннæ фарсмæ æмæ ныддæрæн кодтой зындгонд æфсадхон Жан Моройы æфсæдты. Æртæ мин адæймаджы фæмард францæгтæй, фондз мины та дзы уацары бахаудис. Цæугæдон Аддæйыл хæсты кæронбæттæн къæпхæн уыд Вердериойы цур тох. Инæлар Серрюрье уацары радта Францы дивизи.
17 апрелы цæдисон æфсæдтæ бацыдысты Миланмæ. 15 маймæ Цæгат Итали асыгъдæг Францы æфсæдтæй. 6 июны цæугæдон Треббияйы былгæрон инæлар Макдональды æфсæдтæ схæцыдысты иугонд æфсадимæ. Æртæ боны фæстæ францæгтæ æмбис фесты. Уый фæстæ та инæлар Б. Жуберы æфсад ныддæрæн кодтой Суворовы æфсæдтæ. Авд мин францаг хæстоны фæмард уыцы тохы, уыдонимæ сæ командæгæнæг Жубер дæр, 4,5 мины та дзы уацары бахаудис. Уый уыдис Италийы стæрты фæстаг хæст. Уый фæстæ император Павел I бардзырд радта, цæмæй Суворовæн ахæм кад æмæ лæгтад уа, уымæй размæ æрмæст императорæн куыд уыдис.
Италийы стæры фæрцы цыбыр рæстæгмæ Цæгат Итали фервæзт Францы æлдариуæгæй. Цæдисонты уæлахизтæ къухы бафтыдысты, сæйрагдæр, Уæрæсейы æфсады бæрзонд моралон-хæстон миниуджыты руаджы æмæ Суворовы хæстон курдиаты, стæй йæ арæхст æмæ фæлтæрддзинады руаджы.
Цæгат Итали ссæрибар кæныны фæстæ Суворовы фæндыдис Францмæ бафсæрын, сæйраг цæф æмæ тыхтæ Гренобль, Лион æмæ Парижмæ саразгæйæ. Фæлæ уыцы фæндонæй ницы рауадис æмцæдисонты аххосæй. Уыдон тарстысты, Зæххастæу денджызы районы æмæ Италийы Уæрæсейы æндæвдад куы стыхджын уа, уымæй. Англис æмæ Австрийы бафæндыдис, цæмæй Уæрæсейы æфсад рацæуа Италийæ Швейцаримæ, уым баиу уа А.М.Римский-Корсаковы корпусимæ æмæ уырдыгæй ныббырста Францмæ.
Æхсæз суткæмæ Уæрæсейы æфсæдтæ ацыдысты 150 километры Алессандрийæ Таверномæ. Ам сбæрæг, австриæгтæ сæ дзырдæн хицау кæй нæ разындысты, уый. Хъуамæ сын уырдæм, Таверномæ, æрбахæццæ кодтаиккой 1429 хæргæфсы сæ мулк, фæллой æмæ артиллери аласыны тыххæй. Цыппар боны фæстæ æрбахæццæ кодтой æрмæст 650 хæргæфсы. Уæдмæ уырыссæгтæ сæ артиллери æмæ уæрдæттæ арвыстой æндæр фæндагыл. Австрийы афицертæ сæ асайдтой Францы æфсады тыххæй бæрæггæнæнтæ дæтгæйæ æмæ, цад Люцерны былгæрæтты къахвæндаг кæй цæуы, уымæй. Нæ дзы уыдис къахвæндаг.
31 августы Уæрæсейы æфсæдтæ, æппынфæстагмæ, дыууæ колоннæйæ райдыдтой размæ цæуын. Райдыдта Суворовы зындгонд Швейцариаг стæр. Уый уыдис 1799-æм азы æмæ сси Уæрæсейы историйы, йæ азфысты кадджын сыф. Францæгтимæ фыццаг стыр хæстон фембæлд сын уыдис Сен-Готарды æфцæг штурмæй исгæйæ. Уый фæстæ байгом фæндаг Швейцаримæ. Уыцы æфцæг хъахъхъæдта Лекурбы Францы дивизи, уыдис дзы Уæрæсейы æфсæдты æмбисы бæрц. Хъæутæ Урзерн æмæ Госпитал байсгæйæ, 13 сентябры уырыссæгтæ райдыдтой штурмæй исын æфцæг. Тынг зынтæй, фæлæ йæ уæддæр байстой. 14 сентябры Уæрæсейы æфсæдтæ баиу сты æмæ иу къордæй ахæцыдысты сахар Швицмæ. Фæндагыл сæ бахъуыдис иттæг зын уавæрты францаг фидæрттæ штурмæй исын, уæлдайдæр цæугæдон Рейсыл цы «Хæйрæджыты» хид ис, уый районы. Сен-Готарды æфцæгыл уæлдай уæззаудæр фæлварæн уыдис бæрзонд митджын хох Бинтнерберджы сæрты ахизын. Бирæ уырыссаг салдæттæ фæцагъды ис уым. Æппынæрæджиау, хæхты сæрты ахизгæйæ, Альтдорфмæ куы бахæццæ сты, уæд Суворов базыдта, Люцерны цады фæрсты фæндаг кæй нæй, уый. Уæд фельдмаршæл уынаффæ рахаста æфсæдты бæрзонд рагъ Росштокыл ахизын кæныны тыххæй. Дыууадæс сахаты бахъуыдис æфсæдтæ рагъы сæрты Муттены дæлвæзмæ æрхизыныл. Хъæу Муттены уæвæг францаг æфсæдтæ æнхъæл дæр нæ уыдысты, рагъыл сæм исчи æрхиздзæн, уымæн æмæ сæ уырысы æфсæдтæ лидзæг фæкодтой. 19 сентябры изæрмæ Суворовы æфсæдтæ æрæмбырд сты Муттены фæзы æмæ ам фехъуыстой Римский-Корсаковы корпусы ныддæрæны хабар, уыдон та йæм æххуыс кæнынмæ тагъд кодтой.
Æфсады хойраг æмæ нæмгуытæ фæуд кодтой, уæлæйы æмæ къахыдарæстæ баихсыдысты, салдæттæ æмæ афицертæй бирæтæ уыдысты бæгъæввад. Фæстаг австриаг бригад фæстæмæ куы раздæхтис, уæд Суворов алыг кодта æфсад Паниксы рагъыл рахизын кæнын æмæ Рейсы дæлвæзы Римский-Корсаковы корпусы баззайæццæгты æрбаиу кæнын. Фæстаг фæлварæн уыдис Паниксы хохы сæрæй бынмæ æрхизын (уый сныв кодта фæстæдæр Суриков: «Переход Суворова через Альпы»). 1799-æм азы октябры райдайæны уырысы æфсад æрбахæццæ ис Австрийы сахар Фельдкирхмæ. Ууыл ахицæн Суворовы стæр Швейцаримæ. Æмбал кæмæн нæй, ахæм зындзинæдтæ æмæ лæгдзинадæй æххæст стæры тыххæй Суворовæн лæвæрд æрцыдис генералиссимусы чин. Уый уыдис Уæрæсейы цыппæрæм генералиссимус.
1800-æм азы 14 январы æфсад рацыдис Уæрæсемæ. Фæндагыл Суворов фæрынчын ис æмæ æрлæууыдис йæ зæхмулкдон Кобрины. Император æм арвыста лейбмедик И.И. Вейпарты. Рынчыны уавæр куы фæхуыздæр, уæд рацыдис Бетъырбухмæ. Хъуамæ йыл кадджын уавæры сæмбæлдаиккой, фæлæ та уый бæсты фæцис дам-думты амæттаг. Бетъырбухы Суворов æрлæууыдис йе ’фсымæры чызджы лæг Д. Хвостовтæм. Павел I йæ нæ райста. Фæсарæнты йæ архайды тыххæй, дам, дзы дзуапп куы агуырдтой, уæд, дам, граф Кутайсовæн загъта: «Я готовлюсь отдать отчёт Богу, а о государе я теперь и думать не хочу...». Граф Хвостовæн та, дам, афтæ зæгъы: «Митя, ведь ты хороший человек, не пиши стихов. А уж коли не можешь не писать, то, ради Бога, не печатай».
1800-æм азы 6 майы йæ куыстæй банцадис генералиссимус Александр Суворовы зæрдæ. Баныгæдтой йæ Александр Невскийы лаврæйы Дæллаг Благовещенсчы аргъуаны. Йæ ингæны къæйыл ис цыбыр фыст: «Ам хуыссы Суворов».
Суворовы мысгæйæ
[ивын | Бындур ивын]Суворов стыр бавæрæн бахаста æфсæддон зонадмæ, фæхъæздыгдæр æй кодта йæ хæстон-теоретикон æмæ практикон фæллæйттæй. Бетъырбухы, Мæскуыйы æмæ йын Севастополы æвæрд æрцыдис цыртдзæвæнтæ.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ 1,0 1,1 Суворов, Александр Васильевич (уырыс.) // Русский биографический словарь — СПб: 1912. — Т. 20. — С. 7—89.
- ↑ Суворов, Александр Васильевич (уырыс.) // Энциклопедический словарь — СПб: Брокгауз — Ефрон, 1901. — Т. XXXIа. — С. 896—898.
- ↑ 3,0 3,1 3,2 Olomouc City Library regional database (чех.)