Стыр Охтæйы уæлмæрдтæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Стыр Охтæйы уæлмæрдтæ у Бетъырбухы сахары мидæг уæлмæрдты ’хсæн се стырдæр, ахсы 70 гектарæй фылдæр. Ныгæнынц дзы 1773-æм азæй фæстæмæ.

Стыр Охтæйы уæлмæрдты ныгæд чи ’рцыди, уыдоны ’хсæн сты Цæгат Кавказы историк æмæ этнограф Александр Гадло (19372002) æмæ Уæрæсейы фыццаг индолог, бенгайлаг драматургийы цырынгæнæг Герасим Лебедев (17491817).

Уæлмæрдты ис аргъуан æмæ цалдæр цыртдзæвæны (Ленинграды хъахъхъæнджытæн æмæ, Советон Цæдис æмæ Финляндийы ’хсæн хæсты чи фæмард, уыдонæн).