Советон Цæдисы сом
Советон Цæдисы сом у Советон Цæдисы валютæ 1923-æм азæй 1991-æм азы 26 декабры онг. 1947-æм азы онг сомимæ æмзилдух кодта туман (уырыс. червонец).
Советон купюрæтæн сæ фылдæры дизайн скодта гравёр æмæ нывгæнæг Иван Дубасов.
Советон Цæдисы, 1924-æм азæй фæстæмæ æмæ суанг 1992-æм азы онг гæххæттын æхца йæ аргъ кæмæн 10 сомы онг уыдис, уагъта хæзнадон (казначейство) æмæ уыдон хуындысты Паддзахадон хæзнадоны билеттæ (Государственные казначейские билеты). Дæс сом æмæ уымæй фылдæр йæ аргъ кæмæн уыдис, уыдон та уагъта Паддзахадон банк æмæ сæ ном дæр уыдис Советон Цæдисы Паддзахадон банчы билеттæ (Билеты Государственного банка СССР).
Советон Цæдис куы фехæлдис, 1992-1995 азты советон сом-иу аиуварс кодтой зилдухæй. Уымæй чи ахицæн, ахæм фæстæг паддзахад сси Таджикистан (1995-æм азы 10 майы). Уæрæсе советон сомы зонæй рацыдис 1993-æм азы июлы (кæс Уæрæсейы сом).
Постсоветон валютæтæ
[ивын | Бындур ивын]- Азербайджаны манат
- Белоруссийы сом
- Гуырдзыстоны лари
- Латвийы лат
- Литвайы лит
- Молдавийы лей
- Сомихы драм
- Туркменийы манат
- Таджикистаны сомони
- Уæрæсейы сом
- Узбекистаны сум
- Украинæйы гривнæ
- Хъазахстаны тенге
- Хъиргъизы сом
- Эстонийы кронæ