Лари

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Лари (гуырдз. ლარი; ) у Гуырдзыстоны æхцайы иуæг (валютæ). Йæ ISO 4217 код у GEL. Лари зилдухмæ бацыдис 1995-æм азы, Эдуард Шеварднадзе бæстæйы сæргъы куы уыдис, уæд.

Гæххæттын æхца[ивын | Бындур ивын]

Æппæт банкнотæты чъылдым фарсыл ис англисагау фыст номинал (англ. Georgia. One Lari; Georgia. Two Lari) æмæ афтæ дарддæр.

1 лари — нывгæнæг-примитивист Нико Пиросмани

Рауагъды азтæ — 1995 æмæ 2002
Банкнотæйы ас — 115 X 61 мм.

Раззаг фарсыл:
номдзыд нывгæнæг Пиросманийы сурæт æмæ фыст «Пиросмани 1862—1918».
Чъылдым фарсыл:
Гуырдзыстоны сæйраг сахар Тбилисы панорамæ æмæ Пиросманийы нывæй хъуас.


2 ларийы — композитор Захар Палиашвили

Рауагъды азтæ — 1995 æмæ 2002
Банкнотæйы ас — 115 X 61 мм.

Раззаг фарсыл:
гуырдзиаг композитор Захар Палиашвилийы сурæт æмæ фыст «Захария Палиашвили 1871—1933», галиуырдыгæй та — йæ оперæ «Абессалом æмæ Этери»-йы увертюрæйы нотæтæ.
Чъылдым фарсыл:
Оперæ æмæ балеты Тбилисы паддзахадон академион театры бæстыхай.


5 ларийы — историк Иване Джавахишвили

Рауагъды азтæ — 1995 æмæ 2002
Банкнотæйы ас — 115 X 61 мм.

Раззаг фарсыл:
гуырдзиаг академик Иване Джавахишвили æмæ фыст «Иване Джавахишвили 1876—1940».
Чъылдым фарс:
Иване Джавахишвилийы номыл Тбилисы паддзахадон университеты бæстыхай, дæлейы та — гом чиныг æмæ цæрæгойау нывæфтыд, галиуырдыгæй — цомахъы статуй (нæ эрæйы агъоммæ III миназ) æмæ Гуырдзыстоны картæ.


10 ларийы — поэт Акакий Церетели

Рауагъды азтæ — 1995 æмæ 2002
Банкнотæйы ас — 125 X 63 мм.

Раззаг фарсыл:
гуырдзиаг поэт æмæ æхсæнадон архайæг Акакий Церетелийы сурæт æмæ фыст «Акакий Церетели 1840—1915», зæрвæтыкк æмæ дидинтæ калæг къалиу.
Чъылдым фарсыл:
гуырдзиаг нывгæнæг Давид Какабадзейы мады сурæт йæ нывæй «Имерет — мæ мад», стæй ма сæнæфсиры къалиутæ.


20 ларийы — писатель и поэт Илья Чавчавадзе

Рауагъды азтæ — 1995, 2002, 2008
Банкнотæйы ас — 131 X 65 мм.

Раззаг фарсыл:
гуырдзиаг поэт æмæ æхсæнадон архайæг Илия Чавчавадзейы сурæт æмæ фыст «Илья Чавчавадзе 1837—1907», галиуырдыгæй та — уый кæй бындур савæрдта, уыцы журнал «Гуырдзыстоны фидиуæг» (Сакартвелос моамбэ) æмæ газет «Ивери», стæй йæхи дзауматæ.
Чъылдым фарсыл:
Тбилисы бындурæвæрæг паддзах Вахтанг Горгасалы сурæт. Фоныл та — XVIII æнусы Тбилисы картæ, Вахушти Багратионийы конд, æмæ зæронд Тбилисы панорамæ æд Нарикалайы уынд.


50 ларийыус-паддзах Тамар

Рауагъды аз — 1995 æмæ 2004
Банкнотæйы ас — 135 X 66 мм.

Раззаг фарсыл:
Ус-паддзах Тамары сурæт. Галиуырдыгæй та — грифон Самтависийы аргъуаны сисæй.
Чъылдым фарсыл:
Зодиачы нысан «Ахсæг», XII æнусы гуырдзиаг миниатюрæ.


100 ларийы — астæузаманы поэт Шота Руставели

Рауагъды аз — 2004
Банкнотæйы ас — 140 X 67 мм.

Раззаг фарсыл:
гуырдзиаг поэт Шота Руставелийы сурæт æмæ фыст «Шота Руставели XII æ.», галиуырдыгæй та композици «Кресты схаст».
Чъылдым фарсыл:
композици «Даниил цомахъы хуыккомы» æмæ Мартвилийы моладзандонæй рельеф æд фыст «Мартвили VII æнус».


200 ларийы — гуырдзиаг кънйаз Какуцæ Чолокашвили (18881930)

Рауагъды аз — 2007
Банкнотæйы ас — 146 X 72 мм.

Раззаг фарсыл:
национ хъабатыр Кайхосро (Какуцæ) Чолокашвилийы сурæт. Фоныл та гуырдзиаг культурæйы хицæн объекттæ.
Чъылдым фарсыл:
Сухумы уынд, абхазагау фыст «200 ларийы».

Баст темæтæ[ивын | Бындур ивын]

Æддаг æрмæг[ивын | Бындур ивын]