Хъаиртæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Хъаиртæ[1] кæнæ Хъайыртæ[2] (уырыс. Каировы) сты ирон мыггаг.

Истори[ивын | Бындур ивын]

Хъаиртæ цардысты Уæлладжыры комы, Садонмæ хæстæг, Куырæйтты хъæуы. Иуахæмы Хъаирты лæджы къухæй фæмард сæ хъæуккаг лæг. Уый уыд Хъайтыхътæй. Хъайтыхътæ сæ туг исын сфæнд кодтой. Хъаирты Титт йæ цыппар фыртимæ ралыгъди Дыгуры коммæ, Стыр Дыгурмæ. Фæлæ сæ Хъайтыхътæ ам дæр ссардтой. Хæст самадтой, уым та Хъайтыхътæй иу лæг фæмард. Хъаирты Титты цыппар фырты хуындысты: Аго, Цъеу, Бурахъ æмæ Кит. Æфсымæртæ алыгъдысты Доныфарсмæ, устытæ ракуырдтой æмæ сын рацыд цæуæт. Бирæтæ сæ ралыгъд Цыколамæ, Хæзныдонмæ, Лескенмæ.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005 — 359 ф.
  2. Хозиты Федыр. Уæлладжыры комыл — Туалтæм. Дзæуджыхъæу: Ир, 1999

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 172.
  • Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 134.
  • Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — С. 237–238.

Æддаг æрмæг[ивын | Бындур ивын]